Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæстгонд цæуы регионалон программæ «Æхсарджын Ирыстон». Программæйы архайджытæ сты сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ. Бахъуаджы сахат кæдфæнды дæр Фыдыбæстæйæн баххуыс кæнын у сæ сæйрагдæр хæс. Уыдон нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы, ныртæккæ та архайынц нæ республикæйы хорздзинадыл. «Æхсарджын Ирыстон»-ы архайджытæ зонынц, сæ размæ цы стыр нысантæ æвæрд ис, уый.
Программæ «Æхсарджын Ирыстон»-ы архайынц 32 æфсæддоны. Программæ арæзт æрцыдис РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй федералон проект «Хъæбатырты рæстæг»-ы фæлгæты. Ахуырты программæ цæудзæн афæдзы дæргъы. Уый фæстæ йæ архайджытæн уыдзæн, хицаудзинады регионалон æмæ муниципалон оргæнты, стæй, æхсæнадон иугæндты кусгæйæ, сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад равдисыны фадат.
Ныридæгæн уал кæронбæттæны архайджытæн ахицæн сты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны ахуыртæ æмæ райдыдта æртыккаг къæпхæн. Фидæны разамонæг кусджытæн лекцитæ æмæ семинартæ арæзтой хицаудзинады паддзахадон æмæ муниципалон оргæнты кусджытæ, министртæ æмæ æндæр специалисттæ.
Æртыккаг къæпхæны программæйы фæлгæты «Æхсарджын Ирыстон»-ы архайджытæ бабæрæг кæндзысты æнæниздзинад хъахъхъæнынады, культурæйы, социалон æмæ спортивон къабазы уагдæттæ æмæ ма регионы разамынды центр. Лекцитæ сын кæсдзысты Уæрæсейы Президенты цур Адæмон хæдзарад æмæ паддзахадон службæйы уæрæсейаг академийы Уæлдæр скъолайы минæвæрттæ. Программæйы кæронбæттæны архайджытæ дарддæр дæр стажировкæ кæндзысты хицаудзинады республикон оргæнты.
Æртыккаг къæпхæны ахуырты райдайæны размæ фидæны разамонæг кусджытимæ фембæлдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Биасты Игорь.
– Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзынæн, ацы ахуырадон программæ
сарæзтам мæскуыйаг специалисттимæ иумæ. Арæзт цæуы цыппар къæпхæнæй. Йæ сæйраг нысан у канд зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад нæ, фæлæ алы уæлахиз-
дзауæн дæр куысты бынат ссарын. Мæ зæрдæ сын зæгъы æнтыстдзинæдтæ! Размæ, æрмæстдæр – размæ, – загъта Платы Альбинæ.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ,
къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА














