Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн – кад!

0
71

Уæрæсейы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ, 8 февраль нымад æрцыд Æфсæддон пъæлицæйы бонæй. 8 февралы та уый тыххæй, æмæ 1812 азы уыцы бон Уæрæсейы император Александр I бафыста сæрмагонд Указ. Æфсæддон пъæлицæйы архайд, æнæмæнг, хъæугæ уыд. Сæ хæстæ уыдысты хæстон цауты рæстæг æмæ сабыр царды уавæрты барадхъахъхъæнынадмæ биноныг цæст дарын.

Абон æфсæддон пъæлицæ хъахъхъæны Æфсады фæсчъылдым, æфсæддонты бартæ æмæ сæ дисциплинæ, æфсæддон объекттæ æмæ фæндæгты æдасдзинад, бæрæг æмæ бæлвырд кæны æфсæддонты фыдракæндтæ. Йæ рæнхъыты та сты, алыхуызон локалон хæстыты фæндæгтыл чи рацыд, ахæм æхсыст хæстонтæ. Æфсæддон пъæлицæйæн ис иунæг ахуырадон центр нæ бæстæйы – Дзæуджыхъæуы. Ардæм рæс-
тæгæй-рæстæгмæ сæ дæсныдзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ ахуыртæм æрцæуынц æрыгон æмæ астæукары æфсæддонтæ нæ бæстæйы алы регионтæй. Абон сæ фылдæр сты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ.

Дзæуджыхъæуы 8 февралы æфсæддон пъæлицæйы ахуырадон центры фæзы ацыд сæ фыццаг профессион бæрæгбон. Архайдтой дзы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, æхсæнадон иугонд «Юнармия»-йы минæвæрттæ, æфсæддон пъæлицæйы дæлхайæдты разамонджытæ. Бæрæгбон райдыдта парадæй. Æфсæддон музыкæйы зæлтæм фæзмæ рахастой тырыса. Æфсæддон пъæлицæйы ахуырадон центры хицауы хæдивæг Алексей Тульский арфæ ракодта мадзалы архайджытæн æмæ радзырдта Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты сконды æфсæддон пъæлицæйы вазыгджын æмæ ахсджиаг архайды тыххæй.

– Кæддæр нæ бæстæйы император бындур цы æфсæддон дæлхайадæн сæвæрдта, уый традицитæ дарддæр дæр æххæстгонд цæуынц. Уыдис зын рæстæджытæ, фæлæ дæлхайадæн йæ ахадындзинад уæддæр нæ фесæфт. Абон Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайы нæ бæстæйы хæстхъом фæсивæд. Се ‘хсæн сты нæ æфсæддонтæ дæр – 180 адæймаджы. Уыдонæй 67 хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хæрзиуджытæй. Уæгъдгонд территориты хæссынц æфсæддон службæ. Алы локалон хæстыты дзы йæ цард нæ Фыдыбæстæйы сабыр царды сæраппонд чи ратта, уыдонæн та нæ фæзы æвæрд æрцыд монумент, – загъта Алексей Тульский.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг концлагерь «Освенцим»-ы уацары бахауæг Карсанаты Владимир нæ республикæйы Ветеранты советы номæй æфсæддонтæн бафæдзæхста инструктортæм хъусын æмæ сын сæ амынддзинæдтæ зæрдыл дарын.

Дзæуджыхъæуы администрацийы номæй та æфсæддонтæн арфæ ракодта мэры хæдивæг Маматы Хъазыбег.

– Æфсæддон пъæлицæйы куыст бæрнон æмæ ахсджиаг у. Цы бирæ нысантæ йæм хауы, уыдон æххæст кæнын бæрнонæй. Æхсызгон у, нæ бæстæйы къæлиндары йын ныр бæрæгбон амынд кæй æрцыд, уый дæр. Æфсæддон пъæлицæ дзуапп дæтты барадхъахъхъæнынады фарстатæн, æфсæддон службæйы рæстæг фыдракæндтæ саразыны хабæртты чи бахауы, уыцы æфсæддонты ссарын æмæ бауромыны хъуыддæгты. Æнцон нæу ацы куыст, фæлæ уæ архайды ис æнтыстдзинæдтæ, фæлтæрд æмæ арæхстдзинадæй стут хъæздыг, æмæ уын ноджы фылдæр æнтысæд, – загъта Хъазыбег.

Беслæны фыццæгæм скъолайы ахуыргæнæг Гуыриаты Надеждæ дæр хъарм ныхæстæй сбуц кодта æрыгон æфсæддонты.

– Æз уæ хонын мæхи лæппутæ! Махæн, хистæр кары адæмæн, стут нæ хъæбултæ, нæ сывæллæтты сывæллæттæ. Алкæуыл дæр уæ нæ зæрдæтæ риссынц, æмæ Стыр Хуы-
цауæй курæм иудадзыг, сæрæгасæй-иу æрыздæхут уæ хæстон фæндæгтæй, – загъта Надеждæ.

Уæлдæр амынд пъæлицæйы æфсæддонтæй алы хæстыты йæ цард сæрибардзинады сæраппонд кæмæн аскъуыд, уыдоны рухс ном та ссардтой иу минут æдзæмæй алæу-
уынæй æмæ монументыл дидинджытæ сæвæрынæй. Уый фæстæ мадзалы архайджытæ федтой æфсæддон пъæлицæйы хæстон техникæйы равдыст.

Антон Тарабан, æвдæм гвардион хайы мотоæхсæг, хицæн полчы кæстæр сержант, сæрмагонд æфсæддон операцийы ис афæдзæй фылдæр. Фыццаг уыдис, «группа розыска», зæгъгæ, къорды. Бæрæг кодтой, йæхи хæстон хæслæвæрдтæй чи фæтылиф кодта кæнæ алыгъд, уыцы æфсæддонты, стæй аивта пъæлицæйы взводмæ æмæ абоны онг дæр уым ис. Дзæуджыхъæуы ахуырадон центрмæ æрцыд йæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ æмæ мартъийы фæстæмæ Украинæмæ ацæудзæн.

– Ахуырты стæм ног тактикон сæрмагонд цæттæдзинад райсынмæ, уырдæм хауынц: барадон цæттæдзинад, патрулон службæ. Мæхæдæг дæн Сочийы цæрæг. Сæрмагонд æфсæддон операцийы куы архайын, уæд мæ æфсæддон зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр кæнынмæ æрцыдтæн ардæм, уымæн æмæ, æз цы дæлхайады рæнхъыты дæн, уымæн æрмæстдæр иунæг ахуырадон центр ис Ирыстоны. Ис нын фæлтæрдджын инструктортæ, хæстон фарстатæ бæлвырд æмæ æххæст чи зоны, ахæмтæ, – дзырдта Антон.

Æфсæддон пъæлицæйы бæрæгбоны нæ респуб-ликæйы сфæлдыстадон къордтæ æфсæддонты зæрдæтæ барухс кодтой концертон программæйæ.

Саутæты Тамилæ, къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here