Скъолаты бындурон цалцæг

0
29

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады уæнгтæ æмæ Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды депутатты иумæйаг къорд, партион проект «Ног скъола»-йы фæткмæ цæстдарды мадзæлттæ аразгæйæ, бабæрæг кодта цалдæр горæтаг ахуырадон кусæндоны. Уыдоны нымæцы – 5-æм гимназы райдайæн кълæсты бæстыхай æмæ 8-æм скъола (уый æрбынæттон Хуссайраг поселочы).

Инспекцион къорды уæнгтæ аргъ скодтой амынд скъолаты бындурон цалцæджы куыстыты хæрзхъæддзинадæн. Уыимæ, цалцæджы куыстытæй уæлдай, каст цыд, кълæстæ æмæ иннæ ахуырадон бæстыхæйттæ хъæугæ хæдзары дзаума æмæ техникон фæрæзтæй куыд ифтонг сты, уымæ дæр.

Цæстдарæг къорды уæнгтæ æрзылдысты кълæстыл, ахуырадон æрмадзтыл, хæрæндæттыл, спортивон æмæ æмбырдтæаразæн залтыл…

«Æмткæй райсгæйæ, разыйæ баззадыстæм, скъолаты бындурон цалцæджы куыстыты куыд æххæстгонд æрцыдысты, уымæй. Уæлдай зæрдæмæдзæугæдæр уавæр рахатыдыстæм 8-æм скъолайы – уыцы кусæндон иннæтæн дæр цæвиттонæн хæс-
дзыстæм», – йæ хатдзæджы фæбæрæг кодта партион проект «Ног скъола»-йы регионалон координатор, Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Дзанайты Марк.

Амынд партион проект куыд æххæстгонд цæуы, ууыл æрæджы бæстон ныхас рауад федералон штабы æмбырды. Уыцы фембæлды раззагдæр регионты хыгъды уыд РЦИ-Алани дæр. Штабы уæнгты хатдзæгмæ гæсгæ, иумæйагахуырадон кусæндæтты бындурон цалцæджы программæтæ республикæ бæрнонæй æххæст кæны. 2026 азы рацарæзты пълантæм регион бахаста 24 скъолайы, 6 рæвдауæндон æмæ астæуккаг профессион ахуырады 6 кусæндоны.

«Парти «Иугонд Уæрæсе»-йæ æвзæрст депутатты ’рдыгæй иудадзыгон цæстдард ис, бындурон цалцæг кæм цæуы, уыцы ахуырадон кусæндæтты уавæрмæ. Нæ абоны инспекци дæр арæзт æрцыд уыцы архайды фæткыл. Скъолаты цалцæг æмæ техникон ифтонгдзинады æууæлтæн хорз аргъ кæнгæйæ, рахатыдыстæм лыстæг хъуагдзинæдтæ дæр. Æппæт фиппаинæгтæ дæр бадæтдзыстæм бæрнон ведомствæтæм æмæ бæрæг кæндзыстæм, куыд æххæстгонд цæуынц, уый», – радзырдта Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимур.

 

САНАТЫ Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here