Александр Новакы балц Ирыстонмæ

0
69

Ивгъуыд сабаты Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новак кусæг балцы уыд Цæгат Ирыстоны. Регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ бынæттон Хицауады уæнгтимæ фембæлдтыты федералон Хицауады бæрнон кусджытæн бæстон ныхас рауад республикæйы дарддæры социалон-экономикон райрæзты фарстатыл.

Цæгат Кавказы федералон зылды куратор Александр Новакæн регионмæ йæ кусæг балц райдыдта паддзахадон куыстуат «Водоканал» æмæ хæххон-рекреацион комплекс «Мамысон» бабæрæг кæнынæй. Фæстæдæр федералон Хицауады Сæрдары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты сæргълæуджытимæ цы фембæлд сарæзта, уым ныхас рауад туризмы къабазы дарддæры райрæзтыл.

Боны фæткы фарстатыл ныхасы архайæг уыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Владимир Надыкто, Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивджытæ Сергей Назаров æмæ Дмитрий Вахруков, компани «Кавказ.РФ»-йы генералон директор
Андрей Юмшанов, æндæр федералон ведомствæты минæвæрттæ, стæй зылды регионты хицаудзинады оргæнты бæрнон кусджытæ.

Фембæлды райдайæны Александр Новак куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бирæ ахсджиаг нысантæ æххæстгонд цæуы туристон къабазы. «Уæрæсейы Президенты амынддзинадмæ гæсгæ цы ахадгæ проекттæ æххæстгонд цæуы, уыдонæй иу у «Мамысон». Курорты фыццаг къæпхæн кусын райдыдта фарон, ныр та архайд цæуы комплексы дыккаг къæпхæны объектты арæзтад кæронмæ ахæццæ кæныныл. Регионы разамындимæ æппæт хъарутæй бацархайдзыстæм, цæмæй «Мамысон» суа раззагдæр хæххон курорттæй иу», – бафиппайдта УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг.

Фембæлды архайджытæ фæбæлвырд кодтой «Мамысон» æмæ иннæ цæгаткавказаг курортты дарддæры райрæзты нысантæ. Специалистты хатдзæгмæ гæсгæ, æппæт пълантæ дæр æххæстгонд цæуынц афойнадыл, арæзтæдтыл бæрнон ведомствæтæ æмæ подрядчиктæ сæхимæ райст хæстыл бæрнонæй архайынц.

Александр Новак æмæ Сергей Меняйлойæн цы хицæн фембæлд уыд, уым та сæрмагонд æргом здæхт æрцыд Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты нысантæм.

Калманты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here