Æрдзырдтой вазыгджын фарстатыл

0
79

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджыты радон æмбырд райдыдта арфæтæй республикон адæмон газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Фидараты Юрийæн, 2028 азы февралы æмгъуыдмæ йæ ногæй кæй снысан кодтой ацы бæрнон бынатмæ, уый тыххæй.

РЦИ-Аланийы Национ ахастдзинæдты министры хæдивæг Юрий Бессонов та йæ куыстæй ацыд.

Боны фæткы фарстатыл дзургæйæ, æмбырды архайджытæ се ’ргом аздæхтой нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты фарстатæм, сæрмагондæй æрдзырдтой бирæ вазыгджын хъуыддæгтыл.

Нысанмæарæзт инвестицион республикон программæ 2026 азы æмæ пълангонд 2027-2028 азтæм æмæ амалхъомты архайды тыххæй дзырдта экономикон рæзты ми-нистры хæдивæг Олег Быкадоров. Закъоны проекты сæйраг нысан баст у нæ регионы социалон-экономикон уавæр закъоны бындурыл фæхуыздæр кæнынимæ.

Цæгат Кавказы хъæды хæдзарады механизаци, автоматизаци æмæ разамынды техникум баиу кæндзысты Дзæуджыхъæуы паддзахадон бирæкъабазджын техникумимæ, – уый тыххæй фехъусын кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Алагиры техникумы ныртæккæ ахуыр кæны 291 студенты, Дзæуджыхъæуы бирæкъабазджын техникумы та – 1500. Уыимæ, хъæды хæдзарады техникумы сæйраг дæсныйæдтæ ивд не ’рцæудзысты – хъæды æмæ паркты хæдзарад, стæй дыргъдæтты-паркты ландшафты арæзтад.

Сывæллæтты фæлладуагъдыл дзургæйæ, министр фехъусын кодта, республикæйы дзæбæхгæнæн æмæ фæлладуадзæн паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты, йæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæттæн сæрмагонд квотæтæ 15 проценты радих кæнын.

– Ацы аз радих кодтам 232 милуан сомы, 40 мин сывæллонæн фадат уы-
дзæн хорз баулæфынæн, – загъта Дзанайты Барис.

РЦИ-Аланийы Хицауады цур наукон-техникон æмæ инновацион архайды рæзты советы номхыгъдмæ ивддзинæдтæ бахастой.

РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур ахсджиаг фарстатыл дзургæйæ, загъта, æппæт хъармгæнæнты техникон цæттæдзинад кæй у 100 проценты.

Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонды фарстатæ рæгъмæ рахаста йæ директор Дзæгъойты Алан.

Комкоммæ ныхас цыдис фонды кусджытæн мызд фидыны системæйыл.

Автомобилон фæндаг «Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен 2»-йыл Æрхонкæйы станицæйы иувæрсты цæуæг ног фæндаджы арæзтады зæххы хæйттæ æмæ æнæзмæлгæ исбонады объекттæ паддзахадон хъуыддæгтæн райсыныл ныхас кодта Фæндæгты хæдзарады комитеты минæвар.

Æмбырды архайджытæ æркастысты æмæ ивддзинæдтæ бахастой РЦИ-Аланийы Хицауады уынаффæмæ. Ныхас дзы цæуы Дзæуджыхъæуы, Влади-
востокаг уынджы 1100 ахуырдзауæн ног скъолайы арæзтады объектыл.

Æмбырды ма дзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here