Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонимæ бастæй, уæрæсейæгтæм æнхъæлмæ кæсынц дæргъвæтин фæлладуадзæн бонтæ æмæ цыбыргонд кусæн къуыри.
Уый тыххæй бæрæггæнæнтæ зæрдыл æрлæууын кодта УФ-йы Паддзахадон Думæйы фæллойы, социалон политикæ æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнг Светлана Бессараб.
«Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон – 23 Февралимæ бастæй, фæлладуадзæн бонтæ уыдзысты æртæ: сабат, 21 февралæй – къуырисæр, 23 февралмæ. Уый фæстæ цы кусæн къуыри райдайа, уый уыдзæн æрмæстдæр цыппар бонæй (дыццæг, 24 февралæй – майрæмбон, 27 февралмæ)», – радзырдта депутат.
Уый фæстæ радон дæргъвæтин фæлладуадзæн бонтæ уыдзысты мартъийы. «Сылгоймæгты дунеон боны рæстæг дæр граждæнтæн уыдзæн æртæ фæлладуадзæн боны: сабат, 7 мартъийæ – къуырисæр, 9 мартъимæ (8 Мартъи хуыцаубонмæ кæй æрхауд, уыимæ бастæй, йæ фæстæ цæуæг къуырисæр дæр уыдзæн фæлладуадзæн бон). Уый фæстæ кусæн къуыри дæр та уыдзæн цыппар бонæй: дыццæг, 10 мартъийæ – майрæмбон, 13 мартъимæ», – фæбæрæг кодта С.Бессараб.
Фæллойадон къæлиндары иннæ дæргъвæтин фæлладуадзæн бонтæ уыдзысты уалдзæджы æртыккаг мæйы – 1 Май æмæ 9 Майы бæрæгбæтты рæстæг (уæддæр та – фæйнæ æртæ боны).
(«РИА Новости»)














