Фыййагдойнæгтæ дæр иуварс нæ лæууынц

0
71
smart

Абон Украинæйы националистты ныхмæ чи тох кæны, уыцы хъæбатыр лæппутæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, нæ егъау бæстæйы цæрджытæ иу бинонтау, сæ бон цæмæй у, уымæй æххуыс кæнынц. Фронтмæ æрвитынц гуманитарон æххуыс. Уыцы ахсджиаг хъуыддаджы фыййагдойнæгтæ дæр иуварс нæ лæууынц.

Бынæттон администрацийы специалист Бæгъиаты Аллæйæ никуы рох кæнынц нæ хæстонтæ, сæ хъæбатырдзинадæн сын у стыр аргъгæнæг. Ахæм аргъ сын кæнæм мах дæр, Куырттаты комбæсты цæрджытæ не ’ппæт дæр. Райгуырæн бæстæйыл сæ иузæрдиондзинад нæм æвзæрын кæны сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ.

Нæ ирон лæппутæ хæсты быдыры цы сгуыхтдзинæдтæ æвдисынц, уыдоны тыххæй хабархæссæг фæрæзты куы бакæсын, уæд та мæ зæрдыл æрлæууы Цæллагты Мамсыры уацмыс «На войне Дунайской». Цæстытыл ауайынц, Шипкæ чи бахъахъхъæдта, уыцы ирон хъæбатырты сурæттæ. Зымæгон хъызт рæстæджы ирæтты бæхджын дивизион, стыр зындзинæдтæ ницæмæ даргæйæ, ахызт, лæджы къахвæд кæм нæма уыд, уырдæм – бæрзонд Балканты сæрты. Уыцы æхсидгæ уад æмæ тымыгъы бирæтæ уазал æмæ знаджы нæмгуытæй ссардтой сæ мæлæт, фæлæ ирæтты дивизион нæ фæцудыдта, бырста размæ æмæ йæхицæн скодта æнусон кад æмæ намыс. Шипкæйы цъуппыл уыдис туркаг тырыса сагъд. Тох дæр кодтой уыцы тырысайыл. Хъуамæ йæм исчи бахъуызыдаид æмæ йæ райстаид. Бирæ сæрæн лæппутæ йæ фæлвæрдтой ерысæй рахæссын, фæлæ йæм знаджы нæмгуыты æнæсцух æхситтæй хæстæг бацæуæн нæ уыдис. Бирæ хъæбатыр хæстонтæ уыцы карз тохы фæмард сты. Фæлæ ирон куырттатаг лæппу Хæмæтаты Тасолтан нæ фæцудыдта, йæ къухы бафтыд Шипкæйы цъупмæ бабырсын æмæ тырыса рахæссын.

Ирон хæстонтæн кæддæриддæр стыр аргъ кодтой Уæрæсейы зындгонд хæстон хицауад И. Гурко, М. Скобелев, И. Тутолмин. Кавказы хъазахъхъаг бригады командæгæнæг, инæлар И.Н. Тутолмин фыста: «Благодарю Бога за то, что ему угодно было сдружить меня с осетинами и под турецкими пулями заставить возможность уважать их храбрые и благородные сердца. Поведение осетинского дивизиона в эту кампанию по беспримерному самоотвержению и рыцарской храбрости выше всякой похвалы…»

Фыдыбæстæйы Стыр хæст дæр ирдæй равдыста ирон лæджы æнæбасæтгæ удыхъæд. Бахъахъхъæдтой Фыдыбæстæ, ахъаззаг ныхкъуырд лæвæрдтой цыфыддæр знагæн…

Афтæ, ирон лæппутæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ æвдисынц сгуыхтдзинæдтæ. Бæлвырд куыд у, афтæмæй нæ абоны кæстæртæ дæр хæсты цæхæры æвдисынц хъæбатырдзинад. Сæ фыдæлтау, сæ удуæлдай архайдæй сæхицæн кæнынц æнусон кад. Иры дзыллæтæ сæ сты сæрыстыр. Кувæм Иры дзуæрттæм æмæ дауджытæм, табу сын кæнæм, цæмæй нын нæ сахъ гуырдты хъахъхъæной. Фæлæ хæст хæст у, æмæ та, хъыгагæн, ирон лæппутæ дæр сæ цард нывондæн æрхастой Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау…

Ныртæккæ фронты чи хæцы, уыцы лæппутæн та Бæгъиаты Аллæйы хъæппæрисæй комбæсты цæрджытæ бацæттæ кодтой бæркадджын æрвыстæг – сæ бæрæгбоны хай. Мах, Куырттаты комы цæрджытæ, æппæт хъарутæй дæр архайæм нæ хæстонтæн истæмæй баххуыс кæныныл. Нæ къухвæллой сын ахъаз кæй у, уый хынцгæйæ, нæхиуыл нæ ауæрдæм. Бирæ фарны хъуыддæгтæ аразы Бæгъиаты Аллæ. Стыр хъæппæрис равдыста æмбæхсæн хызтæ бийыны хъуыддаджы. Æрбамбырд кодта æрыгон сылгоймæгты, æмæ æвæллайгæйæ дæргъвæтин рæстæг бийынц  хызтæ, уымæн æмæ хорз зонынц,  хæсты быдыры сын стыр ахадындзинад кæй ис, кæй бахъахъхъæдтой бирæ æфсæддонты цард. Цал æмæ цал æмбæхсæн хызы сбыдтой æмæ арвыстой фронтмæ фыййагдойнаг хуыцауысконд сылгоймæгтæ Безаты Риммæ, Елхъанаты Кетино, Саламаты Альбинæ, Гуыриаты Маргаритæ, Алыбегты Анжеликæ. Сæ къухтæ фæрнæй фæдарæнт! Ныр дæр та, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты бæрæгбон куы æрбахæстæг ис, уæд Аллæйы хъæппæрисæй комбæсты цæрджытæ æрцæттæ кодтой гуманитарон æххуыс. Ис дзы дыууæ стыр хызы, фронты лæппутæн хъæугæ цы у, ахæм дзаумæттæ, хæлцы продукттæ, 87-аздзыд Бæгъиаты Ханиффæйы зæрдиаг лæвæрттæ – йæхи быд 10 фæлысты хъарм цъындатæ.

Уый æмæ, Фыййагдоны цы куыстуæттæ ис, уыдоны коллективтæ, амалхъомтæ се ’ппæт дæр æз фæраздæронæй, æз хуыздæрæй, раст цыма ерысы бацыдысты, афтæ бацæттæ кодтой нæ хæстонтæн 23 февралы бæрæгбоны кадæн зæрдиаг лæвæрттæ.  Дызæрдыггаг нæу, уазал акъоппыты цы хæствæллад æфсæддонтæ бадынц, уыдон бæрæгбоны агъоммæ куы райсой æрвитæггæгтæ Куырттаты комæй, уæд сын æппæтæй зынаргъдæр кæй уыдзысты, сывæллæтты санаторимæ йе ’нæниздзинад фæхуыздæр кæныны охыл чи ’рбацыд, уыцы сабиты гыццыл къухтæй конд нывтæ, быд æмбæхсæн пæлæзтæ æмæ сæ арфæтæ. Æнæмæнг хæстонтæ банкъардзысты цавæрдæр хъармдзинад æмæ ныфсджынæй зæгъдзысты: «Нæ тох дзæгъæлы нæу, нæ тох у нæ адæмы, нæ чысыл хурты сæраппонд!» Сабитæн сæ бæллиц у, цæмæй нæ хæстонтæ æнæнизæй тагъддæр Уæлахизимæ сæ хæдзæрттæм æрыздæхой. Ахæм лæвæрттæ Фыййагдоны санаторийы сабитæ сцæттæ кодтой сæ хъомылгæнджытимæ хистæр хъомылгæнæг Ходы Иринæйы разамындæй. Сæ бæрæгбоны лæвæрттæ сабитæ сæвæрдтой, ацы уагдоны коллектив цы алыхуызон лæвæрттæ бацæттæ кодта, уыдонимæ сæрмагонд къоппыты. Абон канд сабитæ не ’нхъæлмæ кæсынц нæ сæрæн лæппутæм, фæлæ не ’ппæты бæллиц дæр у, цæмæй хæсты арт ахуысса, æмæ нæ цæхæрцæст лæппутæ сæрæгасæй, уæнгрогæй, Уæлахизимæ сæ бинонтыл сæмбæлой. Гъемæ нын Дунефæлдисæг Иунæг Кадджын Хуыцау фехъусæд нæ фæндон! Зæххы къорийыл сабырдзинад æрфидар уæд!

ФÆРНИАТЫ Рая,
педагогон фæллойы ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here