Æндонау бахсыстис йæ уд

0
97

Æрæджы нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло кадджын хæрзиуæг майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй схорзæхджын кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Баскаты Георгийы. Æрыгон лæппу хæсты уыдис йæ тæккæ цæхæры, уыд денджызон фистæгæфсæддонты 40-æм гвардион бригады командир. Сыгъдæгзæрдæ æмæ бæрнонæй æххæст кодта, уæлдæр æфсæддон командæкæнынад ын-иу цы хæстæ бабар кодта, уыдон. Уæззау цæфтæ баййафгæйæ, 29 операцийы фæстæ тохы быдырæн йæ хъарутæ нал «сбæззыдысты», æмæ йæ хæстмæ нал ауагътой. Афæдзæй фылдæр госпитæльтæ æмæ Мæскуыйы зындгонддæр рынчындæтты Георгийы цардыл тох кодтой нæ бæстæйы хуыздæр æмæ фæлтæрдджындæр дохтыртæ. Кæд йæ къæхтыл æрлæууыд, уæддæр æм нырма разæй кæсы фæстаг, 30-æм операци. Георгийы рынчындонæй куы рафыстой, уæд æрцыд йæ райгуырæн Ирыстонмæ.

Кæуылты уыдис йæ хиуæттæ, хæстæджытæ æмæ хъæубæсты циндзинад! Цин кодтам мах дæр, газет «Рæстдзинад»-ы коллектив. Æмæ куыннæ, Георгийæн йæ фыдыфыд Тæтæрийы кæстæр æфсымæр Уырызмæг у не ‘мкусæг, æмæ уыдтам, Георги уæззау цæфтæ куы фæцис, уæд Уырызмæг йæхицæн бынат куыд нал ардта, сагъæс æмæ йын мæт йæ уд куыд хордтой, уый… Стæй фехъуыстам, хъæбатыр хæстоны дохтыртæ мæлæты дзæмбытæй кæй фервæзын кодтой. Тынг æхсызгон нын уыдис, Георги нæм редакцимæ куы ‘рбацыд, уый дæр. Зæрдæйæ зæрдæмæ йемæ фæныхас кодтам, æмæ нын нæ фæрстытæн дзуаппытæ дæр ратта.

– Георги, сæрмагонд æфсæддон операцийы размæ цы архайдтай, цæмæ бæллыдтæ?

– Æз райгуырдтæн Æрыдоны 2000 азы. Æфсæддонты бинонты ‘хсæн не схъомыл дæн, фæлæ ирон адæмы уидæгтæм куы ныккæсæм, уæд фендзыстæм, нæ фыдæлтæ рагæнустæй фæстæмæ дæр хæстонтæ кæй уыдысты. Иу ахæм хæст нæ бæстæйы историйы нæй, æмæ дзы ирон фæсивæд ма архайой. Мæн æфсæддон суæвын тынгдæр æрфæндыд, райдайæн кълæсты куы ахуыр кодтон, уæд телеуынынады æвдыстой сериал «Кадетство». Йæ сюжет, йæ хъайтарты хъысмæт мæ тынг бацагайдтой. Уæд мæм тынг кадджын фæкаст æфсæддон дæсныйад, æмæ сфæнд кодтон мæ хъысмæт, мæ архайд æфсадимæ сбæттын. Мæ ныййарджытæ Олег æмæ Лаурæ зонгæ дæр нæ бакодтой, афтæмæй 5 къласы фæстæ Суворовон училищæмæ фæлварæнтæ æнтыстджынæй раттон æмæ сдæн æвзонг курсант.

Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ йæ каст фæдæн æмæ та дарддæр бацыдтæн Мæскуыйы уæлдæр æфсæддон командон училищæмæ. Æфсæддон цæттæдзинады бындур æвæрд æрцыд ме уæнгты, æмæ уæлдæр бынаты уыдтæн, скъолайы фæстæ чи бацыд ардæм, уыдонæй. Æфсæддон дæсныйадмæ уарзондзинад мæ риуы бонæй-бонмæ сыгъдис. Сабидуг нæ банкъардтон, уымæн æмæ Суворовон училищæйы 12-аздзыдæй базыдтон царды бирæ хъуыддæгтæн аргъ кæнын. Мæ чысылæй фæстæмæ дæр ахуыр дæн фидар фæткыл, алцыдæр хъуамæ йæ бынаты уа. Дисциплинæ мæ царды сæйрагдæр уаг уыд æмæ у абон дæр.

– Цавæр фæлварæнтæ раттай Суворовон училищæмæ?

– Физикон культурæ, англисаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ. Англисаг æвзаг скъолайы ахуыр кодтон æмæ йæ ныхасы æмвæзадыл зонын. Физкультурæ мын зын нæ уыдис, уымæн æмæ спорты архайдтон самбо æмæ къуххæстæй (рукопашный бой). Спорт адæймаджы хъæддых æмæ фидар кæны, куыд тыхæй, афтæ зондахастæй дæр. Æппæт домæнтæ дæр-иу сæххæст кодтон, уыдтæн спорты мастермæ кандидат дæр. Фæлæ æмбæрстон, фидæны афицер кæй дæн æмæ мæ æрмæст уыцы фæндагыл цæуын кæй хъæуы, æмæ ахуыры ‘рдæм мæхи сарæзтон. Æфсæддон училищæйы фæстæ службæ кодтон дард Камчаткæйы денджызон фистæгæфсæддон 40-æм бригады ротæйы командирæй.

– Сæрмагонд æфсæддон операцимæ дæхи фæндæй ацыдтæ?

– Украинæйы хæстон цаутæ куы нæма райдыдтой, уæд мæ зæрдæ банкъардта, абон уа-райсом мæ царды хæст кæй бавзардзынæн, уый. Истори фæлхатгæнгæ цæуы. Хæсты цæхæр ссыгъдис, уæд æфсæддонæн æвзарыны бартæ нæй, фæлæ йæм Фыдыбæстæ кæдæм фæсидтис, уырдæм хъуамæ æвæстиатæй атагъд кæна. Мæнæн дæр уый мæ хæс уыд.

– Уæззау цæфтæ куыд фæдæ?

– Цы ротæйы сæргъы лæууыдтæн, уый Угледар райста. Мæ бæрны уыд 40-аздзыд хæстонты къорд: бархионтæ, контрактниктæ æмæ, мобилизацигонд чи уыдис, ахæмтæ. Æз та, сæ командир, 22-аздзыд лейтенант. Иууылдæр уыдысты хъайтар æмæ ныфсхаст лæппутæ. Афтæ мæм каст, цыма мæ хъысмæт фæлваргæ кæны, æндæр ахæм кары хæстонты сæргъы æрыгон лæппуйæн æнцон æрлæууæн нæ уыд. Уый мæнæн стыр бæрнондзинад уыдис. Æмбæрстон, алкæуыл дæр дзы дзуапп кæй дæттын, уый. Угледар куы райстам, уæд дзы чидæртæ фæмард сты. Æз та фæцæф дæн. 31 декабры машинæйы шофыры фарсмæ бадтæн, уæлдæр командæкæнынад мын бахæс кодта иу хъуыддаг, æмæ уый фæдыл араст кодтам. Фæндагыл нæ баййæфта знаджы рæмудзæн æрмæгимæ дрон. Мæ шофыр Александр Соснин ма рагæпп кодта кабинæйæ, æз та ницыуал бамбæрстон.

Иу рæстæг мæхимæ æрцыдтæн æмæ ауыдтон, бæлæсты астæу куыд ныссагътæн, машинæ та зынджы амæттаг куыд баци, уый. Мæ бон фезмæлын нæ уыд. Мæ буар æппындæр не ‘нкъардтон, æнхъæлдтон, æмæ мæ фæстаг сахат æрхæццæ ис. Александр мæм æрбахылд, ууыл дæр схъистæ суад, фæлæ тыхджындæр цæф мæнæрдыгæй æруад. Шофыр куы нæ уыдаид, уæд ирвæзгæ дæр нал акодтаин. Госпитæлæй мæ Мæскуымæ арвыстой Бурденкойы номыл рынчындонмæ. Фараст æмæ ссæдз операцийы мын скодтой. Госпитæль æмæ Мæскуыйы рынчындонмæ мæм бæрæггæнæг цыдысты, кæм ахуыр кодтон, уыцы æфсæддон командон уæлдæр училищæйы ахуыргæнджытæ, Уæрæсе æмæ Донецкы хъæбатыр Эдуард Казымов, сенатор Виталий Назаренко.

– Александр Соснин та цы баци?

– Уæззау цæфты фæстæ мæ нал ауагътой сæрмагонд æфсæддон операцимæ æмæ мæ ахуыргæнæгæй кусынмæ фæхуыдтой Мæскуымæ, æфсæддон командон уæлдæр училищæмæ. Александр Соснины дæр акодтон уырдæм ахуыр кæнынмæ, цæмæй дарддæр æфсæддоны дæсныйады уæлдæр къæпхæнтæм схиза. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг зын мын уыдис ме ‘мбæлттæй тохы быдырæй фæцух уæвын, фæлæ мæ фадат нал амыдта.

– Майдан «Ирыстоны Намысæн» куы райстай, уæд дæ зæрдæйы цавæр тæлмæнтæ сæвзæрд?

– Ис мæм паддзахадон æмæ æфсæддон ведомствæты хæрзиуджытæ. Госпитæлмæ дæр мын Виталий Назаренко майдан æрбахаста. Ирыстонмæ куы ‘рцыдтæн, уæд æнхъæл нæ уыдтæн æмæ ма мæ ноджыдæр ахæм кадджын хæрзиуæджы аккаг скæндзысты. Нæ республикæйы Сæргълæууæджы къухæй йæ райстон. Бирæ ныхас дæр фæкодтам. Сергей Меняйло йæхæдæг æфсæддон лæг у, вице-адмирал, бирæ æххуыстæ кæны фронты нæ батальонты лæппутæн.

– Æфсæддон училищæ хуымæтæг ахуыргæнæндон нæу. Цавæр фæтк дзы ис, ирон лæппутæ уæм ахуыр кæны?

– Мæ бæрны 125 курсанты ис, се ‘хсæн – ирон фæсивæд дæр. Сты хæрзæгъдау æмæ раззагдæрты ‘хсæн. Нæ училищæйы хицау Роман Бенюков та у æцæг хæстон лæг. Иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдис локалон хæстыты бынæтты. Махæн, командиртæн, æдзух фæдзæхсы, цæмæй биноныг нæ цæст дарæм курсанттæм, сæ цардыуагмæ, архайдмæ, ахуыр сæ кæнæм хæстон уавæртыл.

– Георги, ды куыд æфсæддон лæг, афтæ ма дæ хъуыды зæгъ, ныры рæстæджы хæстон хæцæнгарз хъомысджындæр æмæ тæссагдæр у, æви, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цæмæй хæцыдысты, уый?

– Хæст хæст у, хорзæй ницы хæссы адæмæн. 1941-1945 азты хæстонтæ хæцыдысты лæгæй-лæгмæ, кæрæдзийы комкомкоммæ, къухæй. Абон æмбаргæ дæр нæ бакæндзынæ, кæцæй дæм цы æрбатæхдзæн, уый. Уымæ гæсгæ æз афтæ зæгъдзынæн, æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст иучысыл «фæлмæндæр» уыд. Адæм-иу сæ мæрдты базыдтой, ныры хæцæнгарзæй та адæймаг рыг фесты. Спорт æмæ хæсты дæр адæймаг хъуамæ йæ тасдзинадыл уæлахиз кæна, æндæр æй уыцы тасдзинад фæбынæй кæндзæн. Алчидæр тæрсы хæстæй, нæ тæрсы æрмæст æдылы, сонт адæймаг, фæлæ æфсæддон лæгæн хæстон «мундиры» кад сафæн нæй, цыфæнды мæлæты ахæсты куы бахауа, уæддæр кæронмæ дæ тых æмæ хъарутæ ма ‘вгъау кæн.

– Дæ фыдыфыд Тæтæрийы хæстон фæндæгтæ бæлвырд зоныс?

– Зонын. Бирæ фыдæвзарæнтæ бавзæрста. Уæззау цæфæй немыцмæ уацары бахауд. Грекъаг бæстæмæ сæ атардтой. Уым фашисттæн уыдис сæхи хицæн хай, фæлæ йын дзы хæрзгæнджытæ фæцис æмæ йын алидзыны хъуыддаджы баххуыс кодтой. Уым Тæтæри, грекъаг партизанты къорды уæвгæйæ, хæцыд гермайнаг фашистты ныхмæ. Хæсты фæстæ йæ советон æфсæддон хицауад бафхæрдта, уацары кæй бахауд, уый тыххæй, æмæ йын ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой, фæлæ йæ фæстæдæр сраст кодтой. Уæддæр ма бинонтæ скодта. Йæ цардæмбал Хоранты Кимæимæ схъомыл кодтой æртæ сывæллоны. Тæтæри фæцард 94 азы.

– Бузныг, Георги, дæ дзуаппытæй.

Баскаты Георги йæ бинойнаг Аланæимæ хъомыл кæнынц гыццыл чызг. Амондджынæй байрæзæд йæ мад æмæ йæ фыды фæндиаг, Георгийæн та Стыр Хуыцау æнæниздзинад раттæд.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here