Æппæтæй раздæр – студентты бинонтæн

0
81

Æрыгон студентты бинонтæм æмдзæрæнты бынæттæ æппæтæй раздæр райсыны бар цæмæй уа, политикон парти «Иугонд Уæрæсе» уымæн фадæттæ сарæзта.

Амынд парти кæй бавдыста, бæстæйы Паддзахадон Думæ уыцы закъон æртыккаг бакасты сфидар кодта.

Ахуыргæнæндæттæн æмдзæрæнты цæрæн агъуыстытæ дæттын æмæ ахуырдзаутæ ацы агъуыстытæй куыд пайда кæндзысты, уыимæ баст чи у, ног документ уыцы ахастдзинæдтæ амоны (уыимæ бæстæйы Ахуырад æмæ Рухсады министрадтæн дæттынц амынд агъуыстытæ дæттыны иумæйаг фæтк бæлвырд кæныны бар).

– Социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы вазыгджын хъуыддаг нывыл кæнæм. Ныхас цæуы æххуысы ахсджиаг мадзалыл. Фыццаджыдæр, æрыгон æмæ студентты бинонтæн кæй дæтдзысты, уæрæсейаг уæлдæр скъолаты арæзт æрцæудзысты бинонты ахæм хайæдтæ, фатертæ æмæ агъуыстытæ. Студенттæ нын сæхæдæг бафæдзæхстой ацы хъуыддаг баххæст кæнын, – зæгъы Паддзахадон Думæйы фæсивæдон политикæйы комитеты сæрдар Артем Метелев.

Депутатты ныхасмæ гæсгæ, ныридæгæн сывæллонджын ныййарджытæн кæй байгом кодтой, хæстæгдæр фондз азы дæргъы уыцы 250 агъуысты нымæц минæй фæфылдæр уыдзæн.

Артем Метелев куыд загъта, афтæмæй уæлдæр скъолаты кусынц студентты бинонтæм цæстдарды 922 центры, æрыгон ныййарджыты раивынц бюджетон бынæттæм, сывæллон кæмæн райгуыры, ахуыргæнæндæттæ уыцы ныййарджытæн æхцайæ баххуыс кæнынц.

– Нæ закъоны фæрцы федералон æмвæзадыл кæй сфидар кодтой, студентты бинонтæн æххуысы уыцы стандартæй ныридæгæн пайда  кæнынц. Нæ парти Хицауадимæ иумæ демографион фарста лыг кæныныл архайы. Æрыгон бинонтæн уавæртæ иумæйагæй аразæм æмæ ацы куыст дарддæр æххæст кæндзыстæм, – загъта депутат.

Ног закъон архайын райдайдзæн ацы азы сентябрæй фæстæмæ.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here