«…Фæкæсы мæм афтæ, хъыг мын у куыддæр…»

0
96

Куыстмæ хæстæг иу дуканимæ арæх бауайын. Айразмæ дзæкъултæ мæ къухты, афтæмæй æрлæууыдтæн дуары цур. Æддæрдыгæй лæууыд, мæнæ æнгуырстуаны йас гыццыл чызг, æз, зæгъын, уал уый æрбауадзон, стæй мæхæдæг æддæмæ рахиздзынæн. Фæлæ, кæсын æмæ чызг дуар арæхстгай байгом кодта æмæ мын фæндаг радта. Стыр бузныг ын загътон. Æхсызгон мын уыд сабийæ ахæм лæггад райсын, уæлдайдæр та, сывæллон уый кæй æмбары, хистæр-кæстæр кæй зоны…

Фæндагыл цæугæйæ, цы нæ фендзынæ, цæмæ нæ фæкомкоммæ уыдзынæ… Афтæ мачи банхъæлæд æмæ, мæ азтæ мæхи уæвын куы райдыдтой, уæд кæстæртæм лæмбынæгдæр сдæн, мæнæ сын сæ хъæндзинæдтæ агурын, зæгъгæ. Уый афтæ нæу, сæ уæздандзинад дæр сын æмбарын, се ‘гъдау, сæ ахаст. Фæлæ ис, цæуыл æрдзурæм, уый…Мæнæ Алагирмæ цæуæг автобусмæ схызт хистæр нæлгоймаг, уыдис дзы дыууæ-æртæ уæгъд бынаты. Нæлгоймаг-иу сæм куыддæр бахæццæ, афтæ-иу уайтагъд райхъуыст æрыгон чызджы хъæлæс: «бынат ахст у». Æмæ та «бынат ахст у». Уый дæр иронау нæ, «занято», зæгъгæ-иу,  сдзырдтой.

Лæг ма цыдæртæ сдзурынмæ хъавыд, фæлæ уыцы хъæр, уæндон ныхасæй йæхиуыл фæхæцыд. Бахæццæ шофыры цурмæ æмæ, йæ фæстæ бæлццæттæ сæ хызынтæ, пакеттæ кæм сæвæрынц, уыцы тъæпæныл  æрбадт.  Мах бон цы у? Ис сдзурæн дæр, уайдзæф бакæнæн, фæлæ дæ къæйных дзуаппыты бын фæкæндзысты. Фæлæ иуафон Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ  цæуæг автобусы шофыр нал бафæрæзта, йæ «маст» атыдта. Иу ран схызт хистæр, лæууыд, куыддæр схызт, афтæ йын иу æрыгон лæппу фæсте бæргæ сыстад, фæлæ сдзурын не сфæрæзта. Хистæр та йæ нæ федта, æгæр бирæ адæм дзы уыд. Шофыр хъæрæй сдзырдта, ацы нæлгоймагæн, дам, бынат цæуылнæ исчи радты, цæуылнæ здахут уе ‘ргом уыдæттæм, зæгъгæ…

Йæ уайдзæфтæ раст уыдысты, чи йæ хъуыста, уый йæ ‘мбæрста. Бæргæ, шофыртæ уыдæттæм сæ цæст куы дариккой, кæм хъæуы, уый, зæгъгæ дæр куы кæниккой. Ома, æмхуызонæй стгæ нæ кæнынц, афтæ зæгъæн нæй, ис дзы хорз хъомыладимæ фæсивæд, уæздан, æмбаргæ. Бынат дæр ратдзысты, сæхи дæр уæзданæй равдисдзысты. Фæлæ æгæр гыццыл сты нымæцæй. Æдзæсгæмттæй зынгæ къаддæр.

Афтæмæй айдзаг вæййынц автобустæ, хистæртæн дзы бынат нал вæййы, ома, æз сбадыны тыххæй уыдæттæ нæ дзурын. Цас диссаг у иу-æртын фондз минуты алæууын? Фæлæ хистæр кæддæриддæр хъуамæ хистæр уа, кæстæр та – кæстæр. О, ныртæккæйы фæлтæр кæмдæр махæй лæмæгъдæр сты, кæсыс, æмæ иу афон чидæр бавзæр, кæмæндæр йæ зæрдæ лæмæгъ у, кæмæндæр йæ сæр фæриссы… Фæлæ мæм уæддæр сæвзæрд, ныры фæлтæр зынгæ æдзæсгомдæр, къæйныхдæр  кæй сты, ахæм хатдзæг. О, уыдон «Рæстдзинад» нæ кæсынц, фæлæ сын хъуамæ хæдзары хистæртæ уыдæттæ амоной, дзурой, цæмæй сæм фехъуыса.

Табу Йæхицæн, фæлæ Тымбыл Хъæды Дзуары бынмæ куы бахæццæ вæййæм, уæд æмхуызонæй сæ бынæттæй куыд сыстынц, афтæ хъуамæ хистæры уындæн дæр аргъ кæной, «место занято», зæгъгæ, ма дзурой. Чи æмæ йæ куыд бацахста, ау, хистæры уындæй хъуамæ æфсæрмы ма кæной ныры чызджытæ æмæ лæппутæ? Ныртæккæ, дам, информацион технологиты дуг ралæууыд, фæлæ махæн уый стыр пайда не ‘рхаста. Схиз, сбад æмæ дæ телефоны аныгъуыл, дæ цуры хистæр лæууы æви æндæр чидæр, нымад дæр дæм ма уæд. Уый у информацион технологийы бакаст?!

Хистæрæн кад кæнын кæй хъæуы, уый Интернеты фыстæй нæ разындзæн, фæлæ уыдæттæ сты ныййарджыты бæрны. Кæд æмæ йæ Тымбыл Хъæды Дзуары бын стын сахуыр кодтай, уæд хистæртæн кад кæнын та кæм аззад? Кæй бæрны? Алцыдæр скъолайы аххос цæмæн кæнæм, хъуамæ ахуыргæнæг сывæллонæн æппæт уыдæттæ куыд бацамона, кæд æмæ хæдзарæй йемæ ницы рахаста, уæд. Ома, уыдон бæстысæфты нывтæ не сты, фæлæ кæд ирон адæм стæм, кæд æмæ нæхи кавказаг адæмыхатт хонæм, уæд  хъуамæ хистæртæ рохуаты куыд аззайой?  Кæд æмæ ныры фæсивæд хистæрты нал уынынц, уæд нæ сомбон цы уыдзæн, кæм балæудзысты лæггад кæнынмæ кæстæртæ? Кæм ис сæ бынат нæ царды?

Мæ зæрдыл арæх Дзасохты Музаферы æмдзæвгæ ‘рлæууы:

«…Фæлæ та æрлæудзæн нæ фæстæ æндæр,
Æрыгондæр махæй, тыхджындæр фæлтæр.
Тыхджындæр уыдзæни хъаруйæ, йæ зонд
Æххæсдзæни дарддæр, тæхдзæни бæрзонд.
Æрмæст цыма ‘гъдауæй уыдзæни фыддæр,
Фæкæсы мæм афтæ, хъыг мын у куыддæр…»

Хуымæтæг фарстатæ, фæлæ сын дзуапдæттæг нæй. Айразмæ нæм редакцимæ æрбацыд црайуаг Хестанты Славик, йæ тыхст хъуыдытæ фæдзырдта. Фæсивæд сæхи куыд дарынц, уый йæм раст нæ кæсы. Ома, се ‘ппæт æмхуызон нæ хондзыстæм, фæлæ, уавæр куыд у, уый та æнæзæгъгæ нæй.

Хестаны-фыртмæ уыд фæндæттæ дæр, ома, «Аланты Нахас»-ы лæгтимæ иумæ куы абалц кæниккой кæцыдæр автобусы фæстæ, иу афон æй бауром æмæ фен, чи дзы бады, чи лæууы, уыдæттæ, уыцы ран бæлццæттимæ аныхас кæн… Уый æнцон нæу, фæлæ Ныхасы лæгтæ сты нæ хистæртæ, уыдоны ныхас кæд сахадид…

Нæ фылдæр хи машинæтыл цæуынц, фæлæ æхсæнадон транспортæн йæ ахадындзинад нæ сæфы, уым рабæрæг вæййынц нæ кæстæрты ахаст,  сæ цæттæдзинад цардмæ, сæ зонд, сæ равг… Байрæджы, зæгъгæ, зæгъин, фæлæ нæ зонын, уый æгæр карз хатдзæг у. Фæлæ ма кæд нæ бон истытæ саразын уаид.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here