Нымæцон хуызмæ ма йæ уæддæр рахæссæм

0
96

Уæртæ ма замантæ заманты хуызæн куы уыдысты, уæд, Радиойы хæдзары кусгæйæ, баййæфтон Хестанты Победæ, Дзагкойты Тамарæ æмæ Боциты Иринæйы (Иринæ рухсаг уæд). Уыдысты ирон æвзагыл информацион рауагъдтæ цæттæгæнæг редактортæ. Æз уал азмæ уый нæ хъуыды кæнын, Победæ, Тамарæ æмæ Иринæйы информацион рауагъдты уырыссагау дзурæг адæймаг райхъуыса. Ома, уæд дæр ирон æвзаг нымад уыд «дæлæ Елхотæй дарддæр»-ыл.

Алы ран зыдтой ирон æвзагыл дзурæг адæмы, сæ сæрмæ нæ хастой, Ирыстоны цæргæйæ, ирон рауагъдмæ уырыссагау дзурæг адæймаджы ныффыссын. Сюжетæн йæ рæстæг ахста 1-2 минуты, бахъуыд-иу сæ цалдæр ранмæ азгъорын. Нæ зонын, æвæццæгæн, ирæттæ бынтондæр скуынæг сты, æндæр нæ национ телеуынынады ирон хабæртты ирон ныхас нæ райхъуысдзæн. Ома, равдыст амонджыты кой мæм нæй. Интервью кæмæй исынц, уыдонæн æмхуызонæй ирон мыггæгтæ, дзурынц уырыссагау. Уыцы иу рæстæг хъуысы тæлмац. Цымæ ма уый та цæмæн кæнынц, æви ныл сæ зæрдæ нæ дарынц, ома, кæд, мыййаг, мах уырыссагау не ‘мбарæм…

Алцыдæр æмбарæм, æниу нæ алкæмæн дæр йæ хъæбысы дзаг ирон æвзаджы тыххæй закъæттæ куы бакæниккой, уæддæр Ирыстон иронау нал сдзурдзæн. Хъуыддаг закъонимæ баст нæу, фæлæ уды скондимæ,  зæрдæйы ахастимæ, зонды авналæнтимæ, дунеæмбарынадимæ. Айразмæ кæсын, æмæ национ телеканалы цалдæр уазæджы ныхас кæнынц. Уыдис дзы дагестайнаг адæмыхæттыты минæвар дæр. Æрмæстдæр уый загъта, йæ мадæлон æвзаг кæй зоны, йæ кæстæртæн æй кæй амоны. Æнæ уымæй, дам, хъуамæ мæхæдæг дæр, мæ цот дæр хъуамæ куыд цæрæм. Мæхицæн, дам, хæсыл нымайын мæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын…

Иннæ архайджытæй, амонджытæй (æмхуызонæй ирæттæ) иунæг дæр йæ мадæлон æвзаг нæ зыдта. Æрыгон сылгоймаг-амонæг афтæ бамбарын кодта йæ уавæр, ома, æмбаргæ кæнын, фæлæ дзурынмæ нæ арæхсын æмæ «и я себе поставила блок». Иннæтæ дæр уыцы блокы хицæуттæ уыдысты. «Мой брат тоже не говорит, но  сейчас он учится в Москве и там изучает осетинский язык», – загъта равдысты амонæг.

Уæ салам бирæ, æмæ уæд дарддæр цæуылнæ ацыд уыцы лæппу, ам æй кæд нæ базыдта, уæд Мæскуыйы сгуыхгæ фæкæндзæн? Ахæм куыдфæндыйы цæстæнгасæй адæймаг сфæлмæцыд. Цы хуызы хъуамæ сдзурæм иронау? Æрæджы тынг бадис кодтой Сæлбиты Тамирыл, уый ирон царды культурæмæ, традицитæм наукон цæстæнгасæй акæсгæйæ, дзырдта иронау. Уыимæ тынг дзæбæх. Фыццаг хатт æй фехъуыстон иронау дзургæ. Национ музейы разамонæг  Цуциты Аслан архайдта Турчы цæрæг ирæтты тыххæй кинонывы, йæ хъуыдытæ рæгъмæ рахаста иронау.

Уыцы кинонывы чидæриддæр Турчы цæрæг ирæттæй архайдта, уыдонæн сæ ныхас уыд мадæлон æвзагыл, нæхи ирыстойнаг ирæттæ та дзырдтой æрмæстдæр уырыссагау, тæлмацимæ. Мах ууыл дæр фæцахуыр стæм æмæ ирон царды хабæрттыл, ирон æвзаджы уавæры тыххæй дзурæм уырыссагау. Хъуамæ нæ цы фервæзын кæна, æви фарста афтæ æвæргæ нал у. Нымæцон хуызмæ ирон æвзаг рахæссыны хъуыддаджы дæр уынын исты хуызы йæ бахъахъхъæныны фæрæз. Ома, уæддæр ын æнæ фесæфгæ нæй, æмæ ма йæ нымæцон хуызмæ уæддæр бахæссæм.

Кæддæр Уæрæсейы 1-æм телеканалы кастæн Владимир Познеры равдыстмæ, архайдта дзы номдзыд Гергиты Валери. Йæ ныхас уыд бæстон æмæ арфхъуыдыджын. Уый Познерæн йæ иу фарстæн афтæ загъта: «Я осетин». Уымæй йæ мадæлон æвзаг дæр нæ фесæфт, йæхи дæр равдыста бæрзонддæр æмвæзады… Кæрæдзийы ратон-батонтæй уæлдæр схызт…

Ныртæккæ республикæйы бæрнон кусджытæй, цымæ, цалæй дзурынц иронау, сæхимæ иронау дзурыны ахсджиаг хæс цæуылнæ райсынц? Кæд æмæ разамонæг дæ,
цавæрдæр бæрæгбоны, ахсджиаг хъуыддаджы архайыс, уый размæ дыууæ хъуыдыйады иронау баиу кæн, сахуыр сæ кæн, æмæ дæ исчи интервью куы бацагура, уæд сдзур иронау. Æви ныр та тæлмацыл хъуамæ сахуыр уæм…

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here