Кремль куыд хъусын кæны, афтæмæй тынг лæмбынæг сæ хъус дарынц цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты æргъты рæзтмæ. Ома, хъуамæ афтæ æваст ма схизой уæлæмæ. Уæрæсейы Президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков куыд æмбарын кæны, афтæмæй Уæрæсейы разамынд коммуналон лæггæдты æргъты рæзтмæ кæсынц, иртасынц сæ.
Ныр уал фыццаг бакасты райстой, Монополиты ныхмæ федералон службæ æргътæ куыд нывыл кæндзæн, ахæм закъоны проект. Коммуналон лæггæдты æргъты рæзтмæ се ‘ргом аздæхтой Паддзахадон Думæйы депутаттæ дæр.
Раст зæгъгæйæ, нæхи Парламенты дæр депутаттæ Фадзайты Арсен æмæ Дыдарты Сослан лæггæдты æргъты рæзты тыххæй сæ хъуыдытæ, хатдзæгтæ рæгъмæ рахастой. Фæстæдæр, сæ советы иу æмбырды уыцы ныхас адарддæр кодтой Парламенты разамынд дæр.
Республикæйы разамынд хъуамæ цæрджыты удæнцойдзинадыл бамæт кæной. Зæгъæм, æххуысхъуаг бинонтæн республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæйæ нымайæнтæ лæвар æвæрынц. Уый цæрджытæн æхсызгон у.
Зæрдæ дарæм, æмæ фиддонты æргъты рæзтмæ дæр уæлдай æргом кæй аздæхдзысты, ууыл…














