Црайуаг ахуырдзаутæн пъæлицæйаджы дæсныйадимæ хæстæгдæр базонгæ уæвыны фадат фæцис. «Лæгдзинады мæйон»-ы фæлгæты æстæмкъласонтæ зæрдæйы фæндиаг экскурсимæ ацыдысты. Семæ уыдысты скъолайы директоры уынаффæгæнæг Хæллаты Маринæ, библиотекæйы разамонæг Цæрукъаты Каринæ.
Ацы фембæлды хъæппæрис равдыстой пъæлицæйы кæстæр лейтенант Быгъуылты Альберт æмæ пъæлицæйы хайады Ветеранты советы сæрдар, отставкæйы булкъон Бицъоты Олег. Афтæ рауад, æмæ экскурси рады кæнæ кинологты хайæдтæй нæ райдыдта, фæлæ контролон-уадзæн пунктæй. Афтæ зæгъæн ис, æмæ мидхъуыддæгты хайад æнæ контролон-уадзæн пунктæй хайад нæу.
Йæ куыст раст конд куы уа, йæ ахадындзинад та – æмбæрстгонд, уæд барадхъахъхъæнæг оргæнтæн сæ нысантæ сæ къухы æнтысдзысты. Уадзæн пункты руаджы дзурæн ис объекты æдасдзинадыл, мидхъуыддæгты хайадыл цы вазыгджын хæстæ æвæрд ис, уыдон ахадгæ хуызы æххæстгонд цæудзысты. Хайадмæ бацæуæны рæзгæ фæлтæрыл сæмбæлд пъæлицæйы сержант Нæкуысаты Батрадз. Уый у районы мидхъуыддæгты хайады Æдасдзинад æмæ терроризмæй хъахъхъæныны хайады пъæлицæйы уæнг.
Нæкуысайы-фырт лæмбынæг радзырдта, мидхъуыддæгты хайад, йæ дæлхайæдтæ, алфамбылай фæзуат куыд æмæ цы хуызы хъахъхъæд цæуынц, уый тыххæй. Ис бæлвырд сусæгдзинæдтæ, фæлæ уæддæр сывæллæттæ базыдтой, граждæнтæ, службæгæнджытæ куыд хъахъхъæд цæуынц, пъæлицæйы кусджыты техникон ифтонгады тыххæй хабæрттæ. Хайадмæ бацæуыны тыххæй пъæлицæйæгтæм ис сæрмагонд электронон æвдисæндар.
Экскурси ахæм æххæст нæ рауадаид, црайуаг ахуырдзаутæ мемориалон фæйнæджыты цур куы не ‘рлæууыдаиккой, уæд. Байхъуыстой, сæ хæстæ æххæстгæнгæйæ, йæ цард чи снывонд кодта, уыдоны тыххæй раныхæстæм. Уыдон дæр кæддæр æрыгæттæ уыдысты, фæлæ фыдгæнджытæн нæ басастысты. Сæхиуыл нæ бацауæрстой, пъæлицæйы алы кусæг дæр сæ сырыстыр у. Милицæйы булкъон Челдыты Виталийы хъæбатырдзинадмæ уæлдай æргом аздæхта Быгъуылты Альберт, Челдыйы-фырт баззад æппæт кусджыты зæрдæты, зонды.
Сывæллæттæ зæрдæбынæй байхъуыстой Рады хайады куысты тыххæй хабæрттæм. Пъæлицæйы лейтенант Бекъойты Тимур æмæ хайады специалистты цæттæ кæныны бæрнон, кæстæр лейтенант Быгъуылты Альберт радзырдтой рады хайады æрвылбоны архайды фæдыл. Пъæлицæмæ æрхатынц цæрджытæ, фехъусын кæнынц фыдракæндтæ скæныны тыххæй хабæрттæ, «Æдас горæт»-ы цæстдарæн системæ куыд æххæссы адæмыл, уыдæттæ базыдтой.
Бынтон диссаг сæм фæкаст, мидхъуыддæгты оргæнты кусджытæ цы хæцæнгарзæй пайда кæнынц, уыдоны хуызтæ. Пъæлицæйы кусджытæ сывæллæтты базонгæ кодтой гæрзты фæзынды историимæ, кæд сæ ис спайда кæнæн, æдасдзинады домæнтæ зæрдыл даргæйæ. Дарддæр ныхас рауад эксперттæ-криминалисттимæ. Службæйы хицау, пъæлицæйы капитан Бокоты Екатеринæ райгондæй сæмбæлд скъоладзаутыл. Уый сын радзырдта криминалисты куысты тыххæй, равдыста сын æппæт ифтонггæрзтæ, фæдтæ сбæрæг кæныны фадæттимæ чумæдан. Загъта, сæ бон кæй у сæхи æнгуылдзты фæдтæ сисын.
Уыдæттæ тынг фæцыдысты ахуырдзауты зæрдæмæ. Экспертты архайд дæр федтой, сæ ифтонгады тыххæй хабæрттæ базыдтой. Бокоты Екатеринæ куыд загъта, афтæмæй эксперты бон нæу æнæмæтæй бадын, куыдфæндыйы цæстæй кæсын хъуыддагмæ. Пъæлицæйы капитан ма фæбæрæг кодта, мидхъуыддæгты службæмæ кæй зæрдæ æхсайы, уыдоны бон кæй у Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуын.
Скъоладзаутæ ма фембæлдысты Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады иннæ службæты разамонджытимæ, кусджытимæ. Патрулон службæйы инспектор сын радзырдта патрулон машинæйы ифтонгады, техникон фæрæзты тыххæй, равдыста сын рухсдæттæг, сигналæрвитæг-дзурæг авналæнтæ. Црайуаг ахуырдзаутæ сæ зæрдæмæ хæстæг райстой пъæлицæйы службæгæнджыты бæстон ныхас, æхсызгон æнкъарæнтимæ æрбаздæхтысты хæдзармæ.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады инспектор














