Æхсар æмæ лæгдзинады, Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады бæрæгбон

0
75

Фыдыбæстæ  хъахъхъæнæджы бæрæгбон фæзынд 1918 азы. Уыцы аз æфсад саразыны тыххæй Советон хицауад радих кодта 20 милуан сомы, уыдон уæды рæстæджы уыдысты тынг стыр æхцатæ. Æфсадмæ бархионтæ исæн фыццаг пункт байгом 21 февралы Петрограды. Ног æфсады рæнхъытæм бацæуынмæ адæммæ фæсидт советон паддзахады фæтæг Владимир Ленин.

Æфсады фыццаг азы бæрæгбон сбæрæг кæнынмæ хъавыдысты, Кусæг-зæхкусджыты Сырх Æфсады тыххæй Декрет цы бон бафыстæуыд, уыцы бон, фæстæдæр æрлæууыдысты 17 февралыл, фæстагмæ хицауад равзæрста 23 февраль. Фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, цалдæр азы ацы æфсæддон бæрæгбон рохуаты аззад 1922 азмæ. Уыцы аз январы кæрон Æппæтуæрæсеон Центрон Æххæстгæнæг Комитеты Президиум рахаста Сырх Æфсады сарæзты цыппар азы сбæрæг кæныны тыххæй уынаффæ. Уæдæй фæстæмæ уыцы бон бæрæггонд цыдис, куыд Сырх Æфсады бон, афтæ.

1946 азы нæ уæды егъау бæстæйы цæрджыты уарзон бæрæгбонæн фæзынд ног ном — Советон Æфсады æмæ Æфсæддон-Денджызон Флоты бон. Уыцы бæрæгбоны фæдыл-иу арфæ кодтой æппæт æфсæддонтæн, фæстагмæ та — æппæт нæлгоймæгтæн, суанг æфсæддон службæйы чи никуы уыд, уыдонæн дæр.

Советон Цæдисы фехæлдимæ кæддæрау рохуаты аззад æфсады бæрæгбон. 1995 азы Паддзахадон Думæ сфидар кодта Уæрæсейы хæстон намысы бонты тыххæй закъон. Уыцы закъонмæ гæсгæ 23 февралæн фæзынд ног ном — «1918 азы Германы кайзерон æфсæдтыл Сырх Æфсады фæуæлахизы бон — Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон». Фæлæ уыцы даргъ номæн бирæ цæрæнбон нæ уыд. 2002  азы Паддзахадон Думæ уынаффæ рахаста йæ аивыны тыххæй. Уæдæй фæстæмæ хуыйны Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ 23 февраль вæййы фæллад-уадзæн бон.

Абон 23 февраль канд æфсады службæгæнджыты бæрæгбон нæу, фæлæ, бæстæ хъахъхъæнынмæ бар чидæриддæр дары, уыдоны, æппæт нæлгоймæгты æмæ Уæрæсейы æфсады службæгæнæг сылгоймæгты бæрæгбон. Уый у æхсар æмæ лæгдзинады, Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады бæрæгбон.

Уыцы бон бæстæйы разамынд арфæ фæкæны УФ-йы Гæрзифтонг тыхты службæгæнджытæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ æмæ æндæр хæстон цауты архайджытæн. Хъæбатыр хæстонты цыртдзæвæнтыл сæвæрынц веноктæ æмæ дидинджытæ. Бæрæгбоны кадæн телеуынынад æмæ радиойы вæййы концерттæ.
Изæрæй та — горæт-хъæбатырты æмæ æфсæддон зылдты, флотты, штабтæ цы горæтты сты, уыдоны сæрмæ арв  ныррухс вæййы бæрæгбоны салютæй.

Ныртæккæ æмхуызонæй нæ зæрдæ дарæм, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи хæцы, уыдон сæрæгасæй сæ хæдзæрттыл кæй сæмбæлдзысты, уæлахиз нæхи кæй уыдзæн, ууыл. О, мах æнхъæлдтам æмæ нацизм йæхиуыл никуыуал схæцдзæн, фæлæ нæ уыцы æууæнк фæсайдта. Бахъуыд нæ сæрмагонд æфсæддон операци, цæмæй уæрæсейаг граждæнтæ сæрибар æмæ хæдбарæй цæрой. Æрцыд дзы зиантæ, мах сыл хъыг кæнæм, нæ зæрдæты сæ дарæм, кады мадзæлттæ сын аразæм…

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here