Хæрзхъæд хойраг – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн

0
48

Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн хойраг кæм цæттæ кæндзысты, ахæм чысыл куыстуат. Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæг Сергей МЕНЯЙЛО, стæй хицауадон кусджытæ.

Дзæуджыхъæуы ахæм чысыл фабрикæ байгом кæныны хъæппæрис равдыста зындгонд инæлар, Советон Цæдисы Хъæбатыр Мамсыраты Хаджумары хъæбулы хъæбул – Серхио Эрнандес.

Æрæджы Серхио Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы номыл сæрвыста фыстæг ахæм ног куыстуат байгом кæныны фæдыл. Сергей Меняйло йæ фæндон хорзыл банымадта, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты разамынд та радих кодта кусæн фæзуæттæ. Ног куыстуатæн хъæугæ технологон ифтонггæрзтæ йæхи хардзæй балхæдта Серхио Эрнандес.

Æмæ ныр куыстуат кадджын уавæры байгом кодтой. Сергей Меняйло æрзылд фабрикæйы бæстыхæйттыл, базонгæ технологон куыстады хицæндзинæдтимæ.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы чи ис, уыцы хæстонтæн хæрзад хæринаг цæттæ кæндзысты ЦИПУ-йы хойраджы продуктты технологийы кафедрæйы студенттæ æмæ иннæ специалисттæ. Дзидза æмæ халсартæй конд хæринæгтæй уæлдай дзы уыдзысты хус дыргътæ æмæ æндæр адджинæгтæ дæр.

Специалистты хатдзæгмæ гæсгæ, куыстуаты технологон линитæ арæзт сты æнаипп фæткыл. Уый фæрцы уыдзæн хæрзхъæд хойраджы рауагъд æмæ йæ бынатмæ афойнадыл фæхæццæ кæнынæн æппæт фадæттæ дæр.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг
æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here