Гериты Инал – Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыр

0
68

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæ-джы боны кадæн Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир ПУТИН Кремлы цы фембæлд сарæзта, уырдæм æрбахуыдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты къорд. Уыцы фембæлды архайджытæй иу уыд не ‘мзæххон ГЕРИТЫ Инал дæр.

Владимир Путин æфсæддон службæгæнджытæн арфæ ракодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны фæдыл, бузныг сын загъта, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ, æгæрон лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад кæй æвдисынц, уый тыххæй. Уый фæстæ Президент УФ-йы Хъахъхъæнынады министрад æмæ «Росгварди»-йы службæгæнджытæн саккаг кодта паддзахадон хæрзиуджытæ.

«Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыры» Сыгъзæрин Стъалы кæмæн саккаг кодтой, уыдоны  ‘хсæн ис Цæгат Ирыстоны минæвар, 57-æм сæрмагонд гвардион мотоæхсæг бригады размæбырсæг къорды командир Гериты Инал. Уый йæ бæрзонд хæрзиуæг
райста Президенты къухæй.

Герийы-фырт у, Запорожьейы фронты чи хæцы, уыцы æфсæддонтæй иу, стратегион æгъдауæй уæлдай ахсджиаг бынат – горæт Гуляйполе сæрибар кæнгæйæ, равдыста стыр хъæбатырдзинад, йе ’мслужбæгæнджытимæ бæрнонæй сæххæст кодта хæстон хæслæвæрдтæ. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд  паддзахадон хæрзиуæг.

Ацы бонты Гериты Инал йæ бæрзонд хæрзиуæджы тыххæй цы бирæ арфæтæ райсдзæн, уыдонимæ ис газет «Рæстдзинад»-ы зæрдæбын ныхас дæр. Дарддæр дæр æнтыстджын у, Инал!

 

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here