Алчидæр нæ рацæугæ у скъолайæ, царды кæронмæ дæр йæ зæрдыл дардзæн уарзон ахуыргæнджыты, йе ‘мбæлтты. Афтæ рауад æмæ Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады цалдæрæй ахуыр кодтой Црауы скъолайы. Бицъоты Олег – пъæлицæйы булкъон отставкæйы, Гæззаты Зæринæ – пъæлицæйы лейтенант, Черчесты Богдан – пъæлицæйы кæстæр сержант иумæ æрбацыдысты сæ уарзон скъоламæ.
Уыцы бон скъолайы гом кодтой «Хъæбатыры партæ», ахыргæнæндоны рауагъдон Агънаты Сослан архайдта сæрмагонд æфсæддон операцийы, лæгдзинад равдисгæйæ тохы быдыры фæмард. Сæ нæмттæ сын сæнусон кæныны тыххæй скъолаты гом кæнынц «Хъæбатыры партæ»-тæ. Црауы скъоламæ æрбацыдысты Агънаты Сосланы хиуæттæ, йе ‘мкъласонтæ, Цæгат-кавказаг хъæды техникумы студенттæ (Сослан уыд техникумы рауагъдон), хъæуы минæвæрттæ, сывæллæттæ, æхсæнады æрвыст лæгтæ.
Æрбацæуæг адæмæн бузныг загъта скъолайы директор Хъоцыты Жаннæ, йæ ныхасмæ гæсгæ иудзинады ис адæмы тых. Агънаты лæппуйы тыххæй мысинæгтæ дзырдтой æмхуызонæй, сæ рыст нæ урæдтой, афтæмæй. «Хъæбатыры партæ» Агънаты лæппуйæн байгом кодтой скъолайы хæстон намысы залы. Æфсæддонтæ йæ зыдтой фæсномыг «Хохаг»-æй, тырныдта знæгтыл фæуæлахиз уæвынмæ, лæгдзинады миниуджытæй хайджын уыд црайуаг лæппу. Ахæм хъæбатыры кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй арфæ кодтой йæ ныййарджытæн.
Скъолайы хæстон намысы залы ма Агънаты Сосланæн байгом кодтой зæрдылдарæн фæйнæг. Кадджын уавæры йе ‘мкъласонтæ сæххæст кодтой Агънайы-фырты æнустæм зæрдыл дарыны хъуыддаг. Уазджытæ бакастысты сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты ист кадртæм, ахуырдзаутæ зæрдаивæй кастыс-ты æмдзæвгæтæ. Уыцы бон, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны нæмттæ æрымысыдысты, иу минут æдзæмæй алæу-гæйæ. Нырыккон фашизмы ныхмæ чи æрлæууыд, уыдонæн кад кодтой, æрмæст Црауы хъæуæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынц 40 æрыгон лæппуйæ фылдæр.
Скъолайы рауагъдонтæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы ныртæккæйы архайджытæ Мæрзойты Тасолтан, Гаситы Эдуард, Есенаты Руслан, Мæрзойты Алан, операцийы раззагдæр хаххæй ацы зæрдылдарæн мадзалы архайдта Алан Афанасьев дæр. Алчидæр сæ йæ мысинæгтæ æрхаста, сæ зæрдæты Агънаты Сослан æнустæм кæй баззайдзæн, уый загътой.
Нæ уацхæссæг














