Ацы бонты Дзæуджыхъæуы йæ куыст кодта регионалон фæсивæдон ахуырадон форум «Фæсивæд»-ы муниципалон къæпхæн. Сæрмагонд экспертон къорды тæрхонмæ сæ æхсæнадон-социалон æмæ амалхъомадон проекттæ балæвæрдтой фæсивæдон командæтæ æмæ хицæн автортæ.
Горæты администрацийы фæсивæдон политикæйы, физикон культурæ æмæ спорты комитеты куыд радзырдтой, афтæмæй æрыгæтты проекттæ баст сты ахуырады, патриотон хъомылады, политикæйы, культурæйы, инновацитæ æмæ цардархайды иннæ фæзилæнтимæ (конкурсы муниципалон къæпхæнмæ æдæппæт бавдыстæуыд 60 курдиатæй фылдæр).
«Зындгонд куыд у, афтæмæй регионалон ахуырадон форум «Фæсивæд» арæзт цæуы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Дзæуджыхъæу ссис, форумы муниципалон æвзарæн къæпхæн æппæты фыццаг чи сарæзта, уыцы цæрæн бынат. Конкурсмæ фæсивæд цы проекттæ балæвæрдтой, уыдонæн эксперттæ хорз аргъ скодтой. Уыимæ, регионалон форумы кæронбæттæн бæрæггæнæнтæм не ’нхъæлмæ кæсгæйæ, горæты æмвæзадыл нæхæдæг æххæст кæнын райдай-
дзыстæм æфсæддон-патриотон хъомыладимæ баст проекттæй цалдæр», – бафиппайдта бынæттон администрацийы фæсивæдон политикæйы, физикон культурæ æмæ спорты комитеты сæрдар æмæ жюрийы уæнг Айларты Зауыр.
Экспертон къорды уынаффæйæ æвзæрст æрцыдысты цыппар хуыздæр фæсивæдон проекты. Уыдоны автортæ Дзæуджыхъæуы номæй архайдзысты регионалон форум «Фæсивæд»-ы кæронбæттæн къæпхæны (уый
уыдзæн 5 мартъийы).
Дмитрий АСТАХОВ














