Бирæ стырзæрдæ адæм ис, зæгъгæ, хатгай кæд ахъуыды кæнæм, уæддæр сæмбæлæм зæрдæхæлар, аудæг адæймæгтыл дæр. Ууыл дзурæг у Беслæны æрбынæттонуæвæг Рахизфарсы районы чиныгдоны куыст.
Хуыбиаты Виктория цы чиныгдоны сæргъы лæууы, уым сывæллæтты хайад сфæнд кодта цæгатирыстойнаг фæкæсинаг бинонтæн баххуыс кæнын. Адæм чиныгдоны кусджытæм сæвзæрæг фæндоныл сразы сты. Чиныгдоны кусджытæ телефонæй бадзырдтой нæ республикæйы зындгонд хæрзаудæн фонд «Зæрдæхæлардзинад-15»-ы разамонæг Гуыбаты Маринæмæ.
Дзæвгар рæстæг сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, рынчынтæ æмæ цыбыркъух адæймæгтæн чи æххуыс кодта, уыцы сылгоймаг сæ курдиатыл сразы. Куыд рабæрæг, афтæмæй хъысмæты фæзилæнты фæрцы Рахизфарсы районы чиныгдæтты директор Кодзырты Светланæ æмæ Гуыбаты Маринæ зонгæ сты (бирæ азты размæ, карджын адæм æмæ æнæкуыстхъомты республикон хæдзар-интернат «Забота»-йы кусгæйæ, Светланæ Маринæйæн баххуыс кодта æмæ афтæмæй дыууæ сылгоймаджы ‘хсæн фæзынд хæлар ахастдзинæдтæ).
Беслæнмæ æрбацæугæйæ, Гуыбаты Маринæ чиныгдоны кусджытæн радзырдта йæхи æмæ йæ фонды архайдимæ баст хабæрттæ. Адæмæн хорздзинад кæныны хъуыддагæн стыр ахадындзинад кæй ис, уый рахатыдысты, Маринæмæ байхъусгæйæ, чиныгдоны кусджытæ.
Алагиры райгуырæг Маринæ 23 азы дæргъы фæцард æмæ куыста Мæскуыйы. Дæс азы размæ сылгоймаг йæ Райгуырæн зæххмæ сыздæхт. Аст азы размæ Маринæ Алагиры цы хæрзаудæн фонд – «Зæрдæхæлардзинад-15» сарæзта, уым фæкæсинаг адæмæн æххуыс кæны. Сылгоймаг цалдæр хатты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн аласта гуманитарон æххуыс: дон, хойраг, алыхуызон хъæугæ дзаумæттæ…
Аст азмæ Маринæйæн фæзынд æххуысгæнджытæ. Адæм фондмæ æрбахæссынц æх-
ца, хойраг æмæ алыхуызон хъæугæ дзаумæттæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты цы мыдадзын цырæгътæ бахъæуы, уыдон фембæлды рæстæг Маринæйæн раттой чиныгдоны кусджытæ (сæхæдæг сæ сарæзтой). Маринæ чиныгдоны кусджытæн бузныг загъта гуманитарон æххуысы фæдыл. Рæхджы ацы цырæгътæ æмæ æндæр дзаумæттæ сæрмагонд операцийы архайджытæм бахæццæ уыдзысты.
Гугкаты Жаннæ














