Ныхас фыццаградон нысантыл

0
65

Республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министрты кабинет æмæ æххæстгæнæг оргæнты разамындæн цы æмбырд сарæзта, уым ныхас рауад Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фыццаградон нысантыл.

Дзанайы-фырт æмбырды архайджыты æргом аздæхта ацы азы объекттæн социалон бадзырдтæ срæвдз кæнынмæ. Цæмæй национ проектты æмæ паддзахадон программæты æппæт арæзтадон, цалцæггæнæн куыстытæ афойнадыл райдайой, уымæн бахъæудзæн паддзахадон бадзырдтæ æмгъуыдмæ гæсгæ скæнын. Уыдон  хъуамæ фыст æрцæуой 1 апрелы онг.

Хицауады Сæрдары фæндыдис базонын, агротехнологон кълæстæ саразыны хъуыддаг куыд æнтысы, уый. Хъæууон хæдзарады ведомствæйы разамонæджы хæстæ
рæстæгмæ æххæстгæнæг Мæхъиты Алан куыд радзырдта, афтæмæй нырмæ æмгуыстады тыххæй разыйы дзуапп райстой 4 инвесторæй. Цæгат Ирыстоны скуыстой 27 агротехнологон къласы. Уыдæттæ къухы æфтынц регионалон проект «Кадртæ» æмæ национ проект «Хойраджы æдасдзинады технологон ифтонгад»-ы руаджы.

Уыцы национ проектмæ гæсгæ ацы аз 114 милуан сомы радих кæндзысты «Агротуризм»-ы рæзтæн. Æххуыс райсдзысты 12 амалхъомы, фæлæ, Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ æппæт фæзилæнтæ дæр нымад цæуой, федералон фæрæзтæ чи райса, уыдон сæ куыд æмæ цæуыл хардз кæндзысты, уымæ хъæуы цæст фæдарын.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг Темирты Карэн куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Хицауады Сæрдары фæдзæхстæй Тагъд медицинон æххуысы клиникон рынчындоны фæзынд æнæниздзинады цыбыр гæнæнтимæ рынчынтæн сæрмагонд палатæтæ. Дзанайты Барис бафæдзæхста иннæ рынчындæтты дæр ахæм
палатæтæ байгом кæнын.

Цæгат Ирыстон йæхи цæттæ кæны Кавказаг инвестицион форуммæ, уый скæндзысты Минеральные Водыйы горæты 17-19 майы. Экономикон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Олег Быкадоров фæбæрæг кодта, инвестицион форумы цы пайдайаг бадзырдтæ бафыссынмæ хъавынц, уыдоныл куыст куыд цæуы, уый. Хицауады Сæрдар æмбырды кæронбæттæны куыд загъта, афтæмæй æппæт разамынддæтджытæм æнхъæлмæ кæсы стыр куыст. Царды рауадзын бахъæудзæн социалон, коммуналон æмæ фæндаггон инфраструктурæйы объекттæ саразыны нысантæ.

«Алкæцы дæр сæ нæ адæмæн тынг ахсджиаг у, сæ цардыл бæрæг дарынц. Цыдæриддæр бадзырдтæ саразынимæ баст у,  уыдæттæм рæвдз бавналут. Æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты разамонджытæ та сæ цæст дарæнт программæтæ, национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Уымæй уæлдай, ногарæзт объекттæ сæ афоныл баххæст кæнут хъæугæ дзаумайæ, ифтонггæрзтæй. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло нын нæ размæ æвæры Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзтыл ахадæг хæстæ», – загъта респуб-
ликæйы Хицауады Сæрдар.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here