Мадæлтæ, хотæ, цардæмбæлттæ…

0
86

Уыдон сты нæ зæрдæлæууæн, нæ ныфс, нæ фидауц, нæ удæнцой… Тыхст дуджы, историйы карз фæзилæнты æмæ цауты дæр æнæфæцудгæйæ лæууыдысты Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты, ницæуыл ауæрстой уæлахизы сæраппонд…

Мингай цаутæ æрхæссæн ис, хуымæтæг колхозонтæ, заводтæ æмæ фабрикты кусджытæ, ахуыргæнджытæ, дохтыртæ сæ пенсийы муртæ, бахъуыды са-
хатмæ-иу цы капеччытæ бамбырд кодтой, уыдон, зынаргъ хъусцæджытæ, къухдарæнтæ æнæвгъауæй куыд лæвæрдтой хæцæнгæрзтæ уадзынмæ, æхсæвы-
гæтты-иу нæ бафынæй кодтой, быдтой къуымбилæй хъарм дзаумæттæ,
хуыдтой æрмхудтæ не ’фсæддонтæн. «Алцыдæр – фронтæн, алцыдæр – Уæлахизæн!» – уыцы иумæйаг адæмон сидт, æрвнæрæгау, нæрыди, хуыдта хæстонты æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджыты дæр размæ, уæлахизмæ.

Мадæлтæ, хотæ, цардæмбæлттæ… Мæнæ та ныр дæр се ’ххуысы хай дæттынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Дзыллон информацийы фæрæзтæй æрвылбон дæр базонæм –  ахæм æмæ ахæм ацæргæ сылгоймаг сбыдта хъарм цъындатæ, фæлмæн, рог худтæ, иннæ ран бийынц æмбæхсæн хызтæ… Иуварс та нæ лæууынц ацы тызмæг дуджы дæр, алчи- дæр архайы йе ’ххуысы хай нæ сахъгуырдтæн раттынæн.

Æмæ Дунейы фарн ахæм арфæ ракæнæд, иннæ ацы афоны сылгоймæгты кадджын бæрæгбоныл уæлахизимæ куыд сæмбæлæм, нæ фæсивæдæй алчидæр сæрæгас, æнæнизæй йæ бинонтыл куыд сæмбæла!

Хæмыцаты Морис

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here