Зæрдæбын ныхас – хъæбатырты ныййарджытимæ

0
47

Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймуразæн знон фембæлд уыд, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы йæ хæс чи æххæст кæны, уыцы
хæстонты мадæлты къордимæ.

Фембæлды райдайæны Тускъайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй йæхицæн ахсджиаг хæсыл банымадта Сылгоймæгты дунеон боны агъоммæ фембæлын æфсæддон службæгæнджыты мадæлтимæ, арфæ сын ракæнын.

Парламенты Сæрдары арфæтæ чи райста, сылгоймæгты уыцы къорды уыдысты алы кар æмæ дæсныйæдты минæвæрттæ: Æлборты Полинæ, Бекъойты Аллæ, Габеты Эльдæ, Гатиты Иринæ, Гуæцæлты Алетæ, Гуыбиаты Зельмæ, Ивета Караваева, Хъесаты Иринæ, Кетойты Зæринæ, Хъуппеты Тамарæ, Махъоты Магули, Моу-
рауты Беллæ, Туаты Ларисæ
æмæ Хуыдарты Зинæидæ.

Тускъаты Таймуразы ныхасмæ гæсгæ, фембæлды архайæг сылгоймæгты фырттæй бирæтæ барвæндонæй ацыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлммæ, хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинад æвдисгæйæ, тох кæнынц Фыдыбæстæйы хæдбардзинад æмæ сабыр царды сæраппонд.

Мадæлтæн бузныг зæгъгæйæ, Тускъаты Таймураз сылгоймæгтæн саккаг кодта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары Арфæйы фыстæджытæ.

 

Джыккайты Людмилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here