Уæрæсейы либералон-демократон партийы Цæгат Ирыстоны регионалон хайады координатор, республикæйы Парламенты депутат Бестауты Сослан бабæрæг кодта Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъола. Уый бындурыл ныр сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй кусынц бархионты штабы уæнгтæ.
Бестауы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æцæг патриотизм æрмæст раззагдæр хаххыл нæ февдисынц, фæлæ фæсчъылдымы дæр. Ахуырадон кусæндоны бийынц ау-
уоны хызтæ, Цхинвалы хæдзæрттæй иуы пъадвалы та акъоппы цырæгътæ цæттæ кæнынц æфсæддонтæн. Парламенты депутат бархионтимæ ныхас кæнгæйæ, куыд радзырдта, афтæмæй ацы скъолайы бархионты фæрцы цæуы фæсчъылдымы æххуыс.
«Уый æрвылбоны архайд у, æцæг хъæбатырдзинад. Нæ лæппутæ раззагдæр хаххыл тохы бацыдысты, нæ зæрдæты сты. Уæ аудындзинад та иумæйаг уæлахизмæ стыр бавæрæнау у», – загъта Бестауты Сослан.
Ныхас рауад Сылгоймæгты бæрæгбоны агъоммæ, Хуссар Ирыстоны сылгоймæгтæн раарфæ кодта, загъта, царды сæрмагонд бынат кæй ахсынц. «Ирыстойнаг сылгоймаг хъомыл кæны хуыздæр фыртты, ныртæккæ раззагдæр хаххы сты 30 мин ирыстойнаг лæппуйæ фылдæр. Уыдон хъахъхъæнынц Уæрæсейы хæдбардзинад, æмæ уый уæ фæрцы афтæ у», – фæбæрæг кодта депутат.
Либералон-демократон партийы цæгатирыстойнаг хайады координатор куыд радзырдта, афтæмæй æххуыс кæндзысты ацы скъолайæн. Сæхимæ райс-
той скъолайы цалцæджы хæрдзты иу хай, ахуыргæнджытæн, штабы бархионтæн хъæугæ æрмæг хæццæ кæндзысты. Уæдæ логистикон хæрдзтæ дæр сæхимæ райстой.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты мадæлтæй 8 хорзæхджын æрцыдысты либералон-демократон уæрæсейаг партийы майдан «Æфсæддоны мад»-æй. Æнæр-
хъуыдыйæ нæ баззадысты бархионты змæлды уæнгтæ дæр, партион архайæджы къухтæй райстой кады гæххæттытæ, сæрмагонд æфсæддон операцийæн æххуысы тыххæй майдантæ. Цхинвалы 2-æм скъолайы педагогон коллективæн сæ хъомыладон куысты тыххæй Бестуаты Сослан загъта бузныг, патриоттæ сæ кæй рауайы, уым сæ архайд бæрæг дары.
Скъолайы директор Ольга Михаилидийы ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ дуне æвзары егъау тæссагдзинæдтæ: «Алкæйы ракæнд дæр фидæныл фæбæрæг уыдзæн. Барæнтыл хорз æмæ хæрам æвæрд сты. Хъуамæ хорздзинад, хæлардзинад, уарзондзинад фæуæлдæр уой, хæрам дæлейы аззайа. Ахæм чысыл «блиндажты» сæмбырд вæййынц бархионтæ. Уым æхсиды, дуне бæллæхæй чи аирвæзын кæн-
дзæн, ахæм тых».
(Информацион
агентад «Рес»)














