Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты бынæттон хиуынаффæйады администрацийы цы æхсызгон æмбырд сарæзтæуыд, уым 16 æрыгон бинонтæн раттой цæрæнуатон сертификаттæ.
Фембæлды архайджытæн сæ царды ахæм ахсджиаг цау кæй æрцыд, уый фæдыл сын арфæ ракодтой Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав æмæ Минæвæртты æмбырды сæрдар Таболты Сергей.
Администрацийы бæрнон кусджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй амынд сертификатты фæрцы æрыгон бинонтæ цы цæрæнуатон субсидитæ райсдзыс-
ты, уыдоны иумæйаг бæрц у 31 милуан сомæй фылдæр. Æмткæй райсгæйæ, фæстаг 5 азы дæргъы адæмы ацы къорды минæвæртты цæрæнуæттæй ифтонг кæнынæн, федералон æмæ регионалон бюджетты фæрæзтæй уæлдай, горæты администраци дæр æмæфсисады фæткы бындурыл радих кодта 53 милуан сомæй фылдæр.
– Нæ абоны фембæлдмæ чи саккаг кодта, уыцы бинонтæн сæ фылдæр сты бирæсывæллонджын – уыцы æууæл уæлдай æхсызгон у. Ныфс мæ ис, сертификатты фæрæзты фæрцы уæ царды уавæртæ зынгæ кæй фæхуыздæр уыдзысты, уымæй, – йæ арфæйы ныхасы бафиппайдта Милдзыхы-фырт.
Æрыгон бинонтæн ахæм субсидитæ лæвæрд цæуынц нысанмæарæзт федералон программæ «Уæрæсейы граждæнтæн – аслам æмæ æппæтфадатджын цæрæнуæттæ»-йы фæткы бындурыл. Уыимæ, уыцы программæйы уагæвæрдтæ æххæст кæныны
хъуыддаджы æмæфсисады бындурыл архайынц республикон æмæ муниципалон бюджеттæ дæр.
Дмитрий АСТАХОВ














