Ацы аз сывæллонджын цæгатирыстойнаг бинонтæн фæзынд социалон æххуысы ног хуызæй – бинонты æрвылазон фиддонæй спайда кæныны бар.
Æппынкъаддæр дыууæ сывæллоны чи хъомыл кæны, уыцы ныййарджытæм – æвджидгæнджытæм, сывæллоны хъомыл кæнынмæ райсджытæм ис физикон иуæгты æфтиагæн æвæрд фыст хъалоны хай фæстæмæ райсыны хуызы бинонты æрвылазон фиддон райсыны бар.
Сывæллæтты иуæй-иу пособиты хъуыддаг куыд у, афтæ бинонты фиддон райсынæн дæр, курдиат барвитджыты æфтиæгтæ æмæ сæ исбон æххуысхъуагдзинады бæрæггæнæнты аккаг сты æви нæ, уый бæлвырд кæндзысты. Фиддон сæвæрыны тыххæй, курдиат барвитыны азы размæ афæдзмæ кæй банымадтой, бинойнæгты рæстæмбисон æфтиаджы бæрцы ныма-йынц фæллойадон, амалиуæгадон æмæ профессион архайдæй ист ахæм æхцатæ.
Фиддон сæвæрынæн бындурон æууæлтæ:
– курдиатбарвитæг адæймаг æмæ сывæллæттæ сты Уæрæсейы иудадзыг цæрæг УФ-йы граждæнтæ;
– адæймаг официалон уагæй фæллой кæны æмæ æфтиаджы хъалонтæ фиды;
– адæймагмæ алименттæй хæс нæй;
– адæймаг кæм цæры, ахæм регионы бинойнæгты рæстæмбисон æфтиаджы бæрц фæцæрынæн хъæугæ тæккæ къаддæр хæрдзты 1,5-хаттон бæрцæй фылдæр нæу;
– исбонон ифтонгады бæрæггæнæнтæн аккагдзинад.
Афæдзы дæргъы ныййарджыты æфтиæгтæй бауромынц 13 проценты бæрц физикон иуæгты æфтиæгтæн хъалон. Афæдзы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хъалон ногæй банымайынц 6 проценты бæрц къаддæргонд ставкæйæ, хъалоны бæрцæй баззайæг æхца та фæстæмæ бинонтæн раттынц. Зæгъæм, 2025 азы бинойнæгтæй иу кæд 540 мин сомы райста (физикон иуæгты æфтиагæн хъалон банымайыны размæ), уæд
афæдзмæ ацы адæймагæй баурæдтой 70200 сомы бæрц хъалон. 6 проценты бæрц ставкæмæ гæсгæ, хъалоны бæрц уыдаид 32400 сомы. 37800 сомы бæрц хъауджыдзинад ныййарæгæн фæстæмæ ратдзысты.
Адæмæн зонинаг: фиддоны тыххæй курдиат исынц афæдзы 1 июнæй 1 октябрмæ. Ацы аз адæммæ уыдзæн фароны фиддоны тыххæй курдиат барвитыны бар. Курдиат барвитæн уыдзæн цыфæнды удæнцой уагæй: МФЦ-йы, портал «Госуслуги», науæд та Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады клиентон службæтæм комкоммæ бацæуыны фæрцы. Бæстæйы Социалон фонды
республикон хайад хъæугæ бæрæггæнæнты фылдæр хай бафæрсдзæн хæдбарæй. Фиддон дæтдзысты афæдзы дæргъы иунæг хатт. Адæймаджы хæс у фиддоны фæдыл бар æрвылаз бавдисын.
Фæрстытæ кæд сæвзæрдысты, уæд уæм ис Уæрæсейы Социалон фонды иумæйаг контакт-центры 8-800-100-00-01 телефонæй фæдзурыны бар.
УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ














