Постхæссæджы куыстæй нæ тыхсы

0
74

Ахæм дæсныйадыл хæст разыны адæймаг, æмæ йæ алы къахдзæф, йæ алы ракæнд нæ алкæмæн дæр свæййы ахсджиаг. Ахæм у Цхинвалы горæты посты хайады постхæссæг Бæззаты Зæринæйы уды сконд дæр.

Райгуырд æмæ схъомыл Дзæуджыхъæуы. Йæ ныййарджытæ раздæр цардысты Хуссар Ирыстоны, уый фæстæ ралыгъдысты Цæгатмæ. Сæ райгуырæн бынатимæ сæ бастдзинад нæ хæлд æмæ сæ чызг Зæринæ дæр йæ амонд ссардта Цхинвалы, Къодоты мыггагмæ бакъахдзæфгæнгæйæ.

Ацы горæты цард йæ удмæ хæстæг райста, йæхи дзы хорз æнкъары. Хъомыл кæны æртæ сывæллоны, йæ цардæй разы у. Уæдæ цхинвайлæгтæ дæр йæ зæрдæмæ хæстæг разындысты, адæм сæ хæлар ахаст æвдисынц. Постхæссæгæй кусыныл раздæр никуы ахъуыды кодта, фæлæ йæ хъысмæт уымæ æрхуыдта. Йæ амонд куы ссардта, уæд агуырдта куысты бынат, дæ бон у дæхи постхæссæгæй бафæлварын, зæгъгæ, ныхасыл сразы.

Ныр 14 азы «фæлвары», уайтагъд æй йæ куыст цытæ домдзæн, уыдæттæ нæ зыдта. Фæлæ фæстæдæр бамбæрста, æрмæст нывылдзинад нæ хæссы постхæссæджы
куыст, фæлæ ма дзы алыхуызон диссаджы фæзилæнтæ дæр кæй ис, уый. Алы бон дæр рахизы уынгмæ, базонгæ вæййы цæрджытимæ, царды нывтæ уыны, иртасы ивддзинæдтæ. Уал азмæ бамбæрста, газеттыл æрмæст адрис фыст нæ вæййы, фæлæ дзы разынынц царды æцæг цаутæ…

Фæстæмæ акæсгæйæ, йæ бон афтæ зæгъын у: раст рауад йæ равзæрст фæндаг. Алы куысты дæр цыдæр хорздзинæдтæ рабæрæг вæййынц, Зæринæйы дæр алы бон нæ бахъæуы кусын. Йæ уæгъд рæстæг хардз кæны йæ кæстæртæ æмæ йæ бинонтыл. Фæлæ газеттæ, пенситæ, пособитæ уаргæйæ, æмбæлы цæрджытимæ. Мæйы райдайæн йæм арæх телефонæй æрбадзурынц æрыгон ныййарджытæ æмæ пенсиисджытæ, фæфæнды сæ базонын, се ‘хцайы ‘ххуыс кæд райс-дзысты, уый. Уый Бæззаты чызгæн уæлдай æхсызгон вæййы, æгайтма йæ куыст афтæ ахадгæ у.

Алы адæймаджы зæрдæмæ дæр хицæн фæндаг агурын фæхъæуы, фæлæ Зæринæ уыдæттæй нæ тыхсы. Алкæмæ дæр лæмбынæг байхъусы, аныхас кæны, ныфсы цавæрдæр ныхæстæ сын фæзæгъы.  Зæринæ куыд нымайы, афтæмæй постхæссæджы дæсныйад сылгоймагимæ баст у. О, æцæгдæр, арæх тынг бирæ газеттæ
бахъæуы хæссын, афтæ дæр ахъуыды кæны, ам, цыма, æнæ нæлгоймаджы тыхæй нæ рауайдзæн, фæлæ та уæддæр йæхæдæг сарæхсы.

Ноджы ныртæккæ газеттæ хæццæгонд цæуынц посты хайæдтæм, уый тыххæй постхæсджытæ бузныг зæгъынц разамындæн. Зæринæмæ хауынц авд уынджы. Шофыртæ дыууæ уынгмæ бахæццæ кæнынц газеттæ, уый фæстæ сæ Бæззиан адæмæн байуары. Йæ куысты алы фæзилæн дæр бæлвырдгонд у: газеттæ, адристæ сбæрæг кæнын, фыстæджытæт адристæм гæсгæ сæвæрынц, афойнадыл сæ адæммæ бадæттын.

Ома, мæнæ æппындæр зындзинæдтыл не ‘мбæлы постхæссæг, афтæ
зæгъæн нæй, фæлæ къæвда уа, мит, уынгтæ донæй йедзаг, уæддæр Зæринæ кæддæриддæр рацæуы йæ куыстмæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, газеткæсæг хъуамæ йæ газет райса афойнадыл, æрбада йæ  бандоныл æмæ йæ лæмбынæг бакæса. Цæрджытæ Бæззаты Зæринæйы фыдæбонæй разы сты, сæ арфæтæ йыл сæмбæлынц. Алцыдæр æмбæлгæ уагыл кæй кæны, уый сын сæ зæрдæтæ рухс мынæг кæнын нæ уадзы.

Йæ постхæссæн хызын сафтид вæййы, афтæмæй Зæринæ æрбаздæхы йæ хæдзармæ. Уым æм æнхъæлмæ фæкæсынц йæ кæстæртæ. Сæ алкæимæ дæр бахъæуы бацархайын, сæ уроктæ скæнынимæ баххуыс кæнын, изæрмæ хæринаг скæнын, дзаумæттæ ныхсын, хæдзары æндæр зилæнтæ бакæнын. Йæ цот сты йæ тыхы, йæ ныфсы хос. Бæззаты Зæринæ нæ тыхсы постхæссæджы куыстæй. Йæ удæн ын адджын ссис.

Джиоты Аленæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here