Сергей Меняйлойы гранттæ

0
56

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй йæ гранттæ лæвæрд æрцыдысты сывæллæтты 40 рæвдауæндонæн. Афтæ зæгъæн ис, æмæ  уый у скъолайы агъоммæ кусæндæттæн баххуысы фæрæз.

Ацы хъуыддаг скодтой Дзæуджыхъæуы 107 рæвдауæндон «Суадон»-ы, ацы куыстуат дæр у конкурсы уæлахиздзаутæй иу. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы гранттæ райстой, сæ куыст, сæ архайд ахадгæдæр кæмæн у, скъолайы агъоммæ ахуырады рæзтмæ стыр бавæрæн чи бахаста, уыцы 40 рæвдауæндоны.

Конкурсы рæстæг æргом здæхтой рæвдауæндоны ахуырадон программæтæ, куыд æххæстгонд цæуынц, ныййарджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттимæ куыд кусынц, хъомылгæнинæгтæ алыхуызон конкурсты, фестивальты, ахуырадон хъуыддæгты куыд архайынц, уымæй уæлдай, инновацион мадзæлттæй куысты куыд пайда кæнынц, уыдæттæм. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрбацæуæг разамонджытæн арфæ ракодта, сæ уæлахизтæ сын фæбæрæг кодта, афтæмæй.

«Скъолайы агъоммæ ахуырад у иумæйаг ахуырады бындур. Республикæйы æппæты къаддæр цæрджытæн цы уавæртæ саразæм, уымæй аразгæ уыдзæн сæ дарддæры фидæн. Сывæллæттæн сæ  рæвдауæндон ссис дыккаг хадзарау, ам хъарм, фадатджын, удæнцой уавæрты хъомылгæнджытæ сæ уды хъару дæттынц сабитæн. Ацы къабазы специалистты ахадындзинад фæбæрзонддæр кæныны нысанимæ гранттæ дæттæм, уымæй уын нæ бон у баххуыс кæнын. Ис дзы ерысы бацæуыны фадат дæр, фæлæ хъуамæ æмхуызонæй хуыздæрмæ тырнæм», – загъта Сæргълæууæг.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта ахуырады ведомст-вæйы разамонæг Алыбегты Эллæйæн, йе ‘мкусджытæн, ацы хъуыддагыл кæй бацархайдтой, уый тыххæй. Скъолайы агъоммæ куыстуæттæн грантты иумæйаг бæрц рауад 20 милуан сомы. Республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, æхцайы фæрæзтыл азæй-азмæ æфтдзæн, уæлахиздзауты равзарыны домæнтæ дæр уæлдæр кæндзысты. Ацы фæрæзты 90 проценты, Сергей Меняйлойы уынаффæйæ, лæвæрд æрцæудзысты рæвдауæндæтты педагогтæн.

Уæрæсейы Рухсады министрад 2026 аз Скъолайы агъоммæ  ахуырады азæй фæсидт. Сергей Меняйло рæвдауæндæттæн æххуысы мадзæлттæм бавнæлдта. Рæвдауæндон «Суадон»-ы куыстимæ базонгæ уæвгæйæ, Сергей Меняйло аныхас кодта сабитимæ, сæ фæрстытæн сын дзуаппытæ ратта.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here