Мæры хæрзхъæддзинад – хъæууон хæдзарады рæзты сæйраг рахæцæн

0
85

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ.

«Уæрæсейы Федерацийы Цæрæнуæтты кодексы статьямæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проект æркæсынмæ рахаста Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстатæ æмæ фæдыл арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Остъаты Георги. Документ гæрæнтæ æвæры коммуналон фиддонты бæрцы æппæты бæрзонддæр индексæн, ома, алы финансон азæн дæр цы инфляци вæййы, коммуналон фиддонтæ уымæй фылдæр хъуамæ ма уой. Афтæмæй, закъоны проекты нысан фиддонты рæзт уæлдæр кæнын нæ уадзын.

Ахуырады къабаз нывылдæр кæнынимæ баст сты, Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Елена Князева цы закъонты проектты фæдыл ныхас кодта, уыдон. Афтæ, «Уæрæсейы Федерацийы ахуырады тыххæй» федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проект аспиранттæн дæтты наукон архайдимæ иумæ уыцы-иу рæстæг педагогон куыст кæныны бар, педагогон стаж æм æппындæр куы нæ уа, уæддæр. Ныртæккæйы закъон домы, педагогон архайд кæнынæн аспирантмæ стаж иу аз уæддæр куыд уа, афтæ.

Закъонæвæрынадон хъæппæрис хорзыл банымайгæйæ, Тускъаты Таймураз бафиппайдта, уыцы хъуыддаг аспиранттæн æрмæст бар дæттыны
хуызы хъуамæ ма уа, фæлæ кæй хъуамæ суа æнæмæнг домæн. Уымæн æмæ наукон архайд æмæ педагогон куыст æмцæдис куы уой, уæд уый хъуыддагыл фæзындзæн æрмæстдæр хорзæрдæм.

Ахуырады къабазмæ ивддзинæдтæ хæссы иннæ федералон закъоны проект дæр. Елена Князева куыд бамбарын кодта, афтæмæй документ астæуккаг профессион
ахуыргæнæндæтты ахуыры тыххæй фиддонтæн гæрæнтæ æвæры æмæ сæ фылдæр кæнын нæ уадзы. Документы нысан у астæуккаг профессион ахуыргæнæндæттæм бацæуын æмæ дзы кусæг дæсныйад райсыны гæнæнтæ фæпарахатдæр кæнын. Закъоны проект ахъаз кæндзæн æппæт бæстæйы, уыимæ, нæ республикæйы экономикæйæн дæсны кусджытæ цæттæ кæныны хъуыддагæн.

Депутаттæ байхъуыстой «2023-2025 азты федералон паддзахадон бюджетон куыстуат «Уæрæсейаг хъæууонхæдзарадон центр»-ы  Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы филиалы архайды тыххæй» хъусынгæнинагмæ. Докладгæнæг – амынд
кусæндоны разамонæг Тотраты Олег – ныхас кодта нæ республикæйы агропромышленнон къабазмæ Филиал цы бавæрæн хæссы, фитосанитарон уавæр, мæры хæрзхъæддзинад бахъахъхъæныны тыххæй цы мадзæлттæ арæзт цæуы, са-
дзинæгты сертификаци æмæ æндæр хъуыддæгтыл, стæй, сæ размæ чи ис, уыцы лыггæнинаг фарстатыл. Уыдонæй иу – æрыгон æмæ дæсны кусджытæ сæм фаг кæй нæй, уый.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Качараты Олег. Депутат ныхас кодта хъæууон хæдзарады райрæзтыл Филиал куыд ахады, парламентон комитетимæ йын цы бастдзинæдтæ ис æмæ йæ размæ цы лыггæнинаг фарстатæ лæууы, ууыл.

Хъусынгæнинаджы фæдыл ма ныхас кодта республикæйы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь.

Раныхасы фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Парламенты Сæрдар. «Зæххы фарстайыл ныхас кæнгæйæ, бафиппайын хъæуы, мæры хæрзхъæддзинад бахъахъхъæнынæй ахсджиагдæр хъуыддаг кæй нæй. Уый у хъæууон хæдзарады рæзты сæйраг рахæцæн. Зæхх хъуамæ куса, хаццоны йæ чи райсы, хицæн уыцы адæймæгты домæнтæн æххæст кæныныл нæ, фæлæ æппæт æхсæнады домæнтæ æххæст кæныныл. Уымæ гæсгæ хъæуы бакусын зæххæй хæдзардзинæй пайда кæныны паддзахадон уæлæмхасæн гæнæнтыл», – загъта Тускъаты Таймураз.

Советы уæнгтæ ма цы закъонты проекттæ равзæрстой, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Реуазты Ларисæ, Киситы Мурат, Джиоты Георги.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ, къам систа
Татьяна Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here