Суададжы скъолайы хæстон намысы залы ацыд кадджын дзыллон мадзал.
Амæй размæ алыхуызон азты амынд ахуыргæнæндон каст чи фæци æмæ сæрмагонд æфсæддон операци æххæст кæныны рæстæг хъæбатырæй чи фæмард, уыцы æртæ нæлгоймаджы – Брытъиа-ты Сослан, Дзугкойты Сослæнбег æмæ Къаболаты Æхсары кадæн скъолайы разамынды фæндонæй амынд залы байгом кодтой номарæн фæйнæджытæ. Æфсæддон службæйы бæрнон хæстæ æнæхинæй æххæстгæнгæйæ, амынд адæймæгтæ сæхи равдыстой сыгъдæгзæрдæ, Райгуырæн
бæстæйыл æнувыд патриоттæй.
Фæмардуæвæг æфсæддонты хиуæттæй фæстæмæ кадджын æмбырды архайдтой районы Мидхъуыддæгты хайады ветеранты советы сæрдар, пъæлицæйы отставкæйы булкъон Бицъоты Олег, пъæлицæйы хайады æххæстбарджын, пъæлицæйы капитан Челдыты Марат, районы ветеранты советы сæрдар Икъоты Руслан, районы сæргъ-
лæууæджы уынаффæгæнæг Гæбуаты Юри, афгайнаг районы хæсты ветеранты советы минæвар Гозымты Витали, Суададжы администрацийы разамонæг Брытъиаты Тамерлан æмæ æндæртæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, поэт Кочысаты Мухарбег патриотизмы темæйыл кæй ныффыста, кадджын æмбырды райдайæны азæлыдысты уыцы зæрдæагайгæ курдиатджын æмдзæвгæтæ. Фæстæдæр, Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны гимнтæ куы райхъуыстысты, уæд скъолайы æвзонг æфсæддонтæ залмæ кадджын уагæй æрбахастой нæ бæстæйы тырыса. Номарæн фæйнæджытæ байгом кæныны бар раттой фæмардуæвæг æфсæддонты хиуæттæн. Хъæбатырты нæмттæ адæмæй рох кæй нæ уыдзысты, ууыл зæрдæ дарæн ис.
Æмбырдмæ æрбацæуæг адæмæн бакастысты фæмардуæвæг хъæбатырты цыбыр биографитæ.
Брытъиаты Индрисы фырт Сослан райгуырд 1973 азы 19 мартъийы. Скъола каст фæци 1990 азы. Фæстæдæр ацыд бæстæйы сæйраг горæтмæ æмæ уым арæзтадон фирмæ «Милет»-ы æнтыстджынæй æххæст кодта амалиуæгадон куыст. Æндæраз мартъийы 283-æм фистæгæфсæддон полкъимæ бафыста бадзырд. Службæйы рæстæг йæхи равдыста ныфсхаст, æхсарджын æфсæддонæй. 2024 азы сентябры Донецкы Адæмон Республикæйы горæт Красный Лиманмæ ’ввахс ран, хæстон
бардзырд æххæст кæнгæйæ, хъæбатырæй фæмард.
Дзугкойты Эдуарды фырт Сослæнбег райгуырд 1990 азы 15 февралы. Сæрмагонд æфсæддон хаимæ бадзырд бафыста æмæ службæ кодта батальон «Шторм Осетия»-йы. Службæйы хæстæ æнтыстджынæй æххæст кæныны тыххæй хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй. 2023 азы 29 июлы автомобилон фыдбылызы æвирхъауæй фæмард.
Адзалы фæстæ йын саккаг кодтой Хъæбатырдзинады орден.
Къаболаты Русланы фырт Æхсар райгуырд 1996 азы 6 декабры. 2012 азы скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд арæзтадон техникуммæ. Ацы ахуыргæнæндоны фæстæ дарддæр ахуыр кодта Хæххон-металлургон институты. Æртыккаг курсы куы ахуыр кодта, уæд æй куыстадон практикæ ацæуынмæ арвыстой Красноярскы крайы горæт Норильскы никелы заводмæ. Ам Æхсар йæхи равдыста дæсны, куыстмæ æвзыгъд специалистæй, уыцы иу рæстæг кусгæ æмæ ахуыр кæнгæйæ. Æндæраз декабры Алагир æмæ Æрыдоны районты æфсæддон комиссарады бафыста бадзырд. Фарон 18 сентябры Днепропетровскы облæсты Каменскы районы хæстон хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæг фæмард.
Хъæбатыр æфсæддонты чи схъомыл кодта, ныхас кæнгæйæ, æмбырды архайджытæ уыцы ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн арфæйы ныхæстæ загътой. Брытъиаты
Сослан, Дзугкойты Сослæнбег æмæ Къаболаты Æхсары рухс нæмттæ аргæйæ, фембæлды архайджытæ æдзæмæй алæууыдысты, стæй сын сæ номарæн фæйнæджыты раз дидинджытæ сæвæрдтой.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор














