Дæуæй фылдæр зонындзинæдтæ макæмæ уæд, дæ куыст афтæмæй райдыдтай, фæлæ дын уыйас ницы бантысдзæн, цалынмæ дæ фарсмæ хистæр не ‘рлæууа, уæдмæ. Уыцы хистæр-зондамонæг нæ бацауæрддзæн йæ арæхстдзинæдтыл, дæсныйады сусæгдзинæдтыл, алцыдæр бацамондзæн кæстæрæн.
Афтæ сты барадхъахъхъæнæг оргæнты ветерантæ дæр. Æрæджы Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады Ветеранты советы уæнгтæ æрæмбырд сты, æмæ æрныхас кодтой ивгъуыд азы хатдзæгтыл, фæбæрæг кодтой ацы азы нысантæ. Æцæгдæр, сæ бон куыд уыд, афтæ зæрдæбынæй фæкуыстой, фæлæ пенсийы рацæуыны фæстæ дæр иу ран не ‘рбадтысты, кæддæриддæр вæййынц хайады, сæ хъус дарынц сæ кæстæр æмкусджыты архайдмæ.
Ветеранты советы сæрдар, отставкæйы булкъон Бицъоты Олег бæстон
радзырдта сæ архайды тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хайады уæнгтæ сæ ветеранты нæ рох кæнынц, уыдон дæр æхсызгонæй бацархайынц алыхуызон хъомыладон, патриотон хъуыддæгты, арæхдæр æмбæлынц рæзгæ фæлтæртимæ. Ныхасы архайдтой районы æхсæнадон змæлдты разамонджытæ, барадхъахъхъæнæг хайады ветерантæ. Раздæр уал æмхуызонæй кад скодтой, сæ хæстæ æххæстгæнгæйæ, йæ цард чи радта, уыдонæн.
Бицъойы-фырт куыд радзырдта, афтæмæй барадхæлдтытæ ма ‘руадзын, æнæниз цардыуаг парахат кæнын æмæ граждæнты патриотон хъомылад кæрæдзиимæ баст сты. Рæзгæ фæлтæртимæ аныхас кæныны тыххæй иунæг хъуыддаг дæр нæ баззад, сæйрагдæр у æрыгонæн фыдракæндтæ ма руадзыны тыххæй бæстон радзурын, дæнцæгтæ дæ куыстæй æрхæссын.
Уыдæттæ сты Ветеранты советы уæнгты бæрны, фæлæ совет уæлдай æргом здахы барадхъахъхъæнæг оргæнты раздæры кусджытæм, сæ удæнцойы фарс-татæм, сæ дзæбæхкæнынадмæ. Æппæт уыдæттæ рæгъмæ рахастæуыд. Уæдæ сæ хæстæ æххæстгæнгæйæ, цардæй чи фæцух, уыдон дæр рохуаты не сты, æппын-æдзух дæр цæст дарынц сæ бинонтæм. Сæ куысты фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдон æнкъарынц уæлдай ахаст. Уыдонæй дарддæр аразгæ уыдзæн адæмы фидæн, сæ сабыр цард.
Барадхъахъхъæнæг оргæнты ветерантæ архайдтой «Уæлахизы 80 аз»-ы кадæн конд рæнхъонты зæрæггæнджыты конкурсы, æндæр алыхуызон акциты. Æмхуызонæй баст уыдысты адæмы цардæбонимæ, раст равгимæ, æрмæст сабиты бæрæгбон сæ алкæй зæрдæйы дæр бынат бацахста. Сабитæ нывтæ кодтой асфальтыл, се ‘хсæн хуыздæр нывтæ та æвзæрстой ветерантæ. Ветерантæ сæхи адæмæй не ‘мбæхсынц, кæддæриддæр цæттæ сты ныхасмæ, дзуапп раттынмæ. Уыдæттæ адæм æмбарынц, кад кæнынц барадхъахъхъæнæг оргæнты раздæры кусджытæн.
Æмбырды архайджытæ фæбæрæг кодтой ацы азмæ нысантæ дæр. Сæ куыстæн сын аккаг аргъ скодтой.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор














