Зынаргъ æмбæстæгтæ!

0
54

Республикæйы пысылмæттæн сыгъдæг пысылмон Куадзæны (Ураза-Байрам) фæдыл зæрдиаг арфæ кæнын!

Алы дингæнæг дæр хуыздæр суæвынмæ æмæ хорздзинæдтæ скæнын куы фæтырны, ацы бонæй кæронмæ ахæццæ вæййы уыцы табуйаг Комдарæн мæй (Рамадан). Дин нæ нымайгæйæ, æппæт адæм дæр, аргъ кæмæн кæнынц, рагфыдæлты ахæм æгъдæуттыл æнувыддзинад хъахъхъæнгæйæ æмæ иудзинады ахадындзинадыл дзургæйæ, ацы бæрæгбон æвдисы удварны хъару æмæ арфæйаг хъуыдытæ.

Æнусты дæргъы нæ адæмы удвæрнон æмæ культурон бынты райрæзтмæ стыр æвæрæн хæсгæйæ, ирыстойнаг пысылмæттæ нæ бирæнацион æмæ бирæдинон республикæйы сабырдзинад æмæ фидыд фидар кæнынæн ахъаз кæнынц.

Мæ зынаргъ æмзæххонтæ! Пысылмон Куадзæны бæрæгбон уæ æнæхин хæлардзинадæй фæхайджын кæнæд, хорздзинæдтæм уæ сразæнгард кæнæд, стæй алы хæдзарæн дæр амонд, сабырдзинад æмæ фæрныгад балæвар кæнæд!

Тускъаты Таймураз, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here