Зындгонд куыд у, афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы Указæй 2026 азы Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуынц Архитектурæйы азы мадзæлттæ. Уыцы пъланы бындурыл азы кæронмæ цы куыст цæудзæн, ууыл æрныхас кодтой сæрмагонд хицауадон цæттæгæнæг комитеты уæнгтæ республикæйы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг ОТАРТЫ Георгийы разамындæй.
Фембæлды архайдтой министрадтæ æмæ ведомст-вæты разамонджытæ, районты сæргълæуджытæ, архитектортæ, æндæр эксперттæ.
Æмбырды райдайæны Отарты Георги куыд фæнысан кодта, афтæмæй Архитектурæйы аз саразыны тыххæй уынаффæйæн йæ сæйрагдæр нысан у амынд къабазы дарддæры райрæзтæн зæрдæзæгъгæ фадæттæ саразын.
– Архитектурæйы азы мадзæлттыл кусгæйæ, алыг кæнын хъæуы цалдæр ахсджиаг фарстайы. Фыццаджы-фыццагдæр – фæбæрзонддæр кæнын архитекторы дæсныйады кад, ацы вазыгджын архайдмæ фæсивæды æргом аздахын. Иннæмæй, сбæлвырд кæнын, хæстæгдæр азты нæ горæттæ æмæ хъæутæ арæзтадон-архитектурон уагæй куыд рæздзысты, уый. Æппæт уыцы хъуыддæгтыл кусгæйæ, хынцын хъæу-дзæн, куыд нырыккон архитектурæйы бындуртæ, афтæ нæ адæмы традицитæ дæр, – загъта Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг.
Комитеты æмбырды сæйраг доклад скодта респуб-ликæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат. Уый ныхасмæ гæсгæ, Архитектурæйы аз кадджын уавæры байгом уыдзæн 24 апрелы креативон индустриты форум «Этно – Мы»-йы фæлгæты. Уымæй уæлдай, азы дæргъы арæзт æрцæудзæн бирæ алыхуызон сæрмагонд мадзалы: равдыстытæ, конкурстæ, конференцитæ æмæ афтæ дарддæр.
Арæзтад æмæ архитектурæйы æмæ Ахуырады министрадтæ скъолаты
хистæркъласонтæн иумæйаг хъарутæй сараздзысты профориентацион семинартæ, зонгæ сæ кæндзысты архитектурæ æмæ арæзтады бындуртимæ. Æрыгон архитектортæ æмæ студентты та фæхондзысты «Архитектурон практикум» æмæ æндæр ахуырадон мадзæлттæм. Уыцы куысты архайдзысты Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институт æмæ æндæр профилон ахуыргæнæндæтты специалисттæ дæр.
Бетанты Мараты ныхасмæ гæсгæ, Архитектурæйы азы мадзæлтты архайдзысты Культурæйы удварны хæзнатæ хъахъхъæныны фæдыл республикон комитеты минæвæрттæ дæр. Уыцы комитеты специалисттæ мыхуырмæ бацæттæ кæндзыс-ты Дзæуджыхъæуы истори æмæ культурæйы цыртдзæвæнты аив фæлгонцгонд чиныг. Рауагъды презентаци дæр уыдзæн Архитектурæйы азы мадзæлтты фæлгæты.
Сентябры мæйы та Дзæуджыхъæу суазæг кæндзæн Дунеон архитектурон форумы архайджыты.
Æмбырды архайджытæ хорзыл банымадтой ацы æмæ иннæ мадзæлтты номхыгъд, бахастой йæм фиппаинæгтæ æмæ уæлæфтуантæ. Отарты Георги профилон министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй Архитектурæйы азы мадзæлттæм уа бæстон цæстдард.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














