Куыстыты æмгъуыдтæ æмæ сæ хæрзхъæддзинад

0
60

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст закъонты проекттæ æмæ закъонæвæрынадон хъæппæристæ.

Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан æркæсынмæ рахаста «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон граждайнаг службæйы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект. Документ ахуыргæнæджы дæсныйад кæны ноджы бæрзонддæр. Черчесты Аслан куыд загъта, афтæмæй республикæйы Хицауад хæссы фæндон, цæмæй кæстæрты патриотон хъомыладмæ стыр æвæрæн бахæссæг ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæ хорзæхджын цæуой республикон сæрмагонд хæрзиуæгæй.

Амæй размæ депутаттæ байхъуыстой, «Горæтаг нырыккон хуыз аразын»-ы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон программæйы мадзæлттæ æххæст кæнынæн 2023-2024 азты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадæн республикон бюджетæй лæвæрд фæрæзтæй куыд пайдагонд æрцыд, уый сбæрæг кæныны тыххæй» Цæстдарæн нымайæн палатæйы хъусынгæнинагмæ», стæй рахастой Парламенты уынаффæ. Куыд æххæстгонд æрцыд, уый фæдыл уыд йæ раныхас цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Надгериты Батрадзæн. «Программæ æххæст кæныны фæлгæты 2019-2025 азты республикæйы нывылгонд æрцыд 266 æхсæнадон фæзуаты æмæ 426 бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ. Куыстыты аргъ рауад 1 миллиард æмæ 600 милуан сомæй фылдæр. Уыдонæй 1 миллиард æмæ 300 мил-уаны уыдысты федералон бюджеты æхцатæ, 201 милуаны – республикон бюджеты, чи баззад, уыдон та бынæттон бюджетты æхцатæ», – загъта Надгерийы-фырт. Куыстытæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, уый бæрæг кодта Цæстдарæн-нымайæн палатæ, афтæмæй объекттæ цæттæ кæныны хъуыддаджы халæн цаутæ разынд Дзæуджыхъæу, Алагир, Æрыдон æмæ Горæтгæрон районты. Уыдон баст уыдысты куыстыты хæрзхъæддзинадимæ, сæ хæрдзтимæ, куыстытæн проектты цы æргътæ амынд уыд, уыдон хæлд кæй цыдысты æмæ æндæр ахæмтимæ.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Цæстдарæн-нымайæн палатæйы аудитор Айларты Алан. Куыд загъта, афтæмæй халæн цаутæ аиуварс кæнынæн, стæй, æххæстгонд чи æрцыд, уыцы ног объекттæ сæхи балансмæ райсыны тыххæй домæнтæ Палатæ барвыста бынæттон хиуынаффæйады администрацийы 11 сæргълæууæгмæ. Уыдонæй цыппар – горæттæ Дзæуджыхъæу, Æрыдон, Горæтгæрон æмæ Кировы районты администрацитæ уыцы куыст нæма сæххæст кодтой.

Фарстайы фæдыл ма æмдоклад скодта Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Остъаты Георги. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймураз æмæ Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдар Хъæлыцты Иналмæ.

Советы уæнгтæ ма байхъуыстой «Ирон æвзаг æмæ культурæ, уæрæсæйаг удварны хъæздыгдзинæдтæ бахъахъхъæнын æмæ сæ фидардæр кæныны архайды тыххæй» Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг – комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Эльдар Афашоков. Куыд загъта, афтæмæй комитеты дæлбар цы фараст дзыллон хабархæссæг фæрæзы ис, уыдон сæ бавæрæн хæссынц адæймаджы удварны хуыздæр миниуджытæ фидар кæнынмæ æмæ уæрæсейаг хуыздæр традицитæ бахъахъхъæнынмæ. Афтæ, фарстайы фæдыл ивгъуыд аз дзыллон хабархæссæг фæрæзты мыхуыргонд æрцыд 3 400 æрмæджы. Раныхасгæнæг ма дзырдта, удварны бындуртæ, ирон æвзаг æмæ ирон культурæ бахъахъхъæнынæн æрвылаз цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдоныл, се ‘хсæн: чингуыты армукъатæ, æрвылазон премитæ, интерактивон равдыстытæ æмæ æндæртæ. Ныхас цыд дзыллон хабархæссæг фæрæзтæн, мыхуыр æмæ чингуытæ уадзынæн гæнæнтæ аразыныл.

Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд депутаттæ Реуазты Ларисæ æмæ Джиоты Георгимæ.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ, къам систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here