«Номарæн дыргъдон»

0
52

Ацы бонты та бирæ уæрæсейаг регионты цæрджытæ бавнæлдтой дзыллон проект «Номарæн дыргъдон»-ы мадзæлттæ æххæст кæнынмæ. Уыцы ахсджиаг акцийы архайы Цæгат Ирыстон дæр.

Зындгонд куыд у, афтæмæй «Номарæн дыргъдон»-æн бындур æвæрд æрцыд 2020 азы, акцийы сæйрагдæр нысан у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты чи фæмард, æппæт уыцы адæмæй алкæй номыл дæр бæлас ныссадзын. Абоны онг уал акцийы фæрцы
бæстæйы регионты фæзындысты бирæ ног парктæ æмæ номарæн аллейтæ. Акцийы архайджытæ ныссагътой милуангай номарæн бæлæстæ.

Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй ацы азы дæргъы акцийы фæлгæты Цæгат Ирыстоны ныссадздзысты 9,5 мин бæласæй фылдæр. Уыимæ, «Номарæн дыргъдон»-ы архайæг суæвыны фадат ис алкæмæн дæр. Акцийы архайыны фæдыл фарстытæ бадæттæн ис РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады специалисттæм. Ацы ведомствæйы бæрны ис акцийы архайджыты бæлæсты талатæ æмæ хъæугæ кусæнгæрзтæй сифтонг кæныны фарста дæр.

«Амынд акцийы фæрцы нæ хъæбатырты рухс нæмттæ ногæй нæ зæрдыл æрлæууынц. Мадзалы архайынвæнд чи кæны, æппæт уыцы адæмæн бузныг зæгъын», – «Номарæн дыргъдон»-ы ахадындзинад фæбæрæг кæнгæйæ, йæ телеграм-каналы ныффыста Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей
Меняйло.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here