Æдасдзинад æмæ барадон фæткы фарстатæ

0
74

Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Юрий ЧАЙКАЙЫ разамындæй уыд Æдасдзинад æмæ барадон фæтк хъахъхъæныны, коррупцийы ныхмæ архайды фарстаты фæдыл координацион æмбырд.

Цæгат Ирыстонæй фембæлды архайæг уыд республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой, тыхы структурæтæ æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнтæ уæлдæрамынд фарстаты фæдыл цы профилактикон куыст кæнынц, ууыл. Сæрмагонд æргом аздæхтæуыд рæзгæ фæлтæры эстремистон æмæ террористон идеологийæ, кæстæрты знаггадхæссæг тыхты тæвагæй бахъахъхъæнынмæ.

Æппæт уыцы фарстатыл дзургæйæ, Президенты минæвар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй дарддæр æххæстгонд цæуы сæрмагонд æфсæддон операци. Ахæм уавæрты Уæрæсейы ныхмæ архайæг тыхтæ æппæт фадæттæй дæр тырнынц æнахъомты диверсион-террористон фæзындтытыл бафтауыныл, алыхуызон ардауæн æмæ сайæн митæй сын сæ сæрымагъз сызгъуыммæ кæнынц. Уыцы фæлтæрæнтæн аккаг ныхкъуырд дæттыны нысанимæ барадхъахъхъæнæг æмæ тыхы æппæт структурæтæ дæр хъуамæ архайой иумæйаг хъарутæй, сæвзæргæ уавæрмæ бæстон цæстдард куыд уа.

Боны фæткы фарстаты фæдыл дзуаппон докладтæ скодтой профилон ведомствæты разамонджытæ.

Æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Юрий Чайка бæлвырд амынддзинæдтæ ратта æххæстгæнæг хицаудзинад æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты минæвæрттæн.

Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here