Æрвылаз мартъийы бæрæггонд цæуы Фæлхасгæнджыты дунеон бон. Алы аз дæр ын вæййы сæрмагонд сæйраг хъуыды, равзары йæ Фæлхасгæнджыты дунеон организаци, æмæ ацы хатт у ахæм: «Æдас товартæ, ныфсхаст фæлхасгæнджытæ».
«Роспотребнадзор»-ы РЦИ-Аланийы управлени бахыгъта йæ куысты ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ æмæ æрдзырдта фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны ныры дуджы ахсджиагдæр фарстатыл.
Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны хайады хицау Плиты Аннæ куыд радзырдта, афтæмæй адæмы бартæ хъахъхъæныны фæдыл ведомствæйы архайдæн ис ахсджиаг финансон фæстиуджытæ. Афтæ, 2025 аз Управлени фæлхасгæнджытæй райс-
та 754 фыстæджы. Уыдонæй 60 проценты уыдысты базарады къабазы халæн цауты фæдыл хъæстытæ, 40 проценты та – лæггад кæныны къабазы халæн цаутæ æруадзыны тыххæй.
– Тæрхоны агъоммæйы æмæ тæрхон кæныны рæстæг цы куыст æххæст кодтам, уый фæрцы республикæйы фæлхасгæнджытæм фæстæмæ раздæхт дзæвгар финансон фæрæзтæ. Управлени кæм архайдта, ахæм хъуыддæгтæ равзарыны фæрцы фæлхасгæнджытæн фæстæмæ раздæхтой 30 милуан сомæй фылдæр. Ацы куыст ахадгæ кæй у, ууыл дзурæг сты ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ дæр. Фæлхасгæнджыты бартæ бахъахъхъæныны нысанимæ тæрхондæттæм барвыстам 12 домæны. Хъуыддæгтæм æркæсыны фæстæ фæлхасгæнджытæн фæстæмæ бафыстой 220 мин сомы, – загъта Плиты Аннæ.
Товарты хуызтæ фылдæр кæнын æмæ онлайн-базарад парахат кæныны рæстæг ахсджигæй-ахсджиагдæр кæны продукцийы æдасдзинады фарста. Уымæ гæсгæ æххуыс бацагурын æмæ консультаци райсыны фæдыл республикæйы цæрджытæн сæ бон бацæуын у Дзæуджыхъæуы, Тельмæны уынджы 17 «а» хæдзармæ, науæд та бадзурын «Роспотребнадзор»-ы Консультацигæнæн иумæйаг центрмæ:
8-800-555-49-43 кæнæ та фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны хайадмæ: 8(8672) 51-91-52, 51-90-77.
Дедегкаты Зæлинæ














