Ацы бонты Цæгат Ирыстоны балцы ис зындгонд мексикæйаг боксер, дунейы бирæхаттон чемпион Эрик Моралес. Республикæйы уазæгимæ фембæлд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Регионы Сæргълæууæг Мексикæйы минæварæн зæрдиаг салам загъта æмæ фæбæрæг кодта, Эрикы ном спортуарзджытæн хорз зындгонд кæй у, уый.
– Уæлдай æхсызгон мын у, дунеон боксы «стъалы» абон Ирыстоны уазæг кæй у, уый. Республикæйы цæрджытæм кадджын у спорты ацы хуыз, ис нæм спортивон хъæбысхæстыты хъомысджын скъолатæ, æппæт фадæттæй архайæм, цæмæй фылдæр фæсивæд æмхиц кæной спортмæ. Ме ‘рыгон бонты мæхæдæг дæр боксæй хæцыдтæн, уыдтæн Æфсæддон-денджызон флоты иугонд командæйы уæнг. Республикæйы уазæгæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй зæрдæрухсæй арвита йæ рæстæг, – загъта Сергей Меняйло.
Эрик Моралес фысымтæн арфæ ракодта, кæй йæ сбуц кодтой, уый тыххæй. Уыимæ, спортсмен дунейы чемпионаты цы рон рамбылдта, уый халдих балæвар кодта Сергей Меняйлойæн.
Фембæлды архайæг уыдысты Цæгат Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан, промоутерон компани «Pravda Boxing»-ы бындурæвæрæг Цопанты Хетæг æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.
Эрик Моралесы Дзæуджыхъæумæ фæхуыдта промоутерон компани «Pravda Boxing». Уый хъæппæрисæй 29 мартъийы нæ республикæйы уыдзæн профессион боксы турнир. Уыцы ерысты кадджын уазæг суыдзæн Моралес.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады пресс-службæ














