Донивылдтытæй æдас уæвынæн…

0
65

Хуссар Уæрæсейы регионты æххæстгонд цæуынц федералон фæндæгтæ уалдзыгон-сæрдыгон донивылдтытæй бахъахъхъæныны мадзæлттæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой Кавказы автомобилон фæндæгты федералон управленийы.

Управленийы пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, донивылдтытæй тæссагдæр цы бынæттæн уа, уым рад хæсдзысты цалцæггæнджыты бригадтæ. Уыимæ, уыдон ифтонг уыдзысты уæззау техникæйæ, стæй хъæугæ арæзтадон фæрæзтæй (змис, хуыр æмæ афтæ дарддæр). Æмткæй райсгæйæ, Астраханы облæсты, Хъалмыхъы республикæйы, стæй РЦИ-Алани æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды иннæ регионты донивылдтытæ æмæ æндæр ахæм æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ цæттæ уыдзысты 59 сæрмагонд бригады. Уыдонæн æххуысæн лæвæрд уыдзæн сæрмагонд фæндагаразæн техникæйы 260 иуæджы.

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй донивылдтытæй уæлдай тæссагдæр цы бынæттæн у, уыдон хаст æрцыдысты сæрмагонд картæмæ. Уыимæ, Кавказы автомобилон фæндæгты управленийы минæвæрттæ æрдзы уавæртæм цæстдарды мадзæлттæ æххæст кæнынц УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Хуссайраг управлени æмæ гидрометеорологийы службæйы регионалон дæлхайæдтимæ æнгом æмархайды фæрцы.

Кавказы автомобилон фæндæгты управленийы бæрны сты федералон нысаниуæджы фæндæгты 4 мин километрæй фылдæр. Управленийы цæгатирыстойнаг хайад дзуапп дæтты фæндæгты 271 километры техникон æнаипдзинад æмæ æдасдзинадыл.

Дмитрий АСТАХОВ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here