Цæгат Ирыстоны кадджын уазджытæ

0
85

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН фембæлд уыд Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыртæ – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ. Уыцы æфсæддонтæ ацы бонты уыдысты Цæгат Ирыстоны уазджытæ.

Республикæйы Сæргълæууæгимæ фембæлдмæ саккаг кодтой Александр Палящий (Удмуртийы республикæйæ), Алексей Безруков (Стъараполы крайæ) æмæ Николай Будько (Екатеринбургæй). Фембæлды архайæг уыдысты Цæгат Ирыстоны цæрæг Уæрæсейы Хъæбатыртæ – республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри æмæ Альберт Гоов дæр.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ивгъуыд фæлладуадзæн бонты Дзæуджы-
хъæуы сарæзтæуыд боксæй дунеон турнир «Pravda Boxing». Уыцы ерыстæ саразджытæ Уæрæсейы Хъæбатырты фæхуыдтой турнир байгом кæныны фæдыл кадджын æмбырдмæ. Уыцы фадатæй спайда кæнгæйæ, Сергей Меняйло æфсæддон операцийы раздæры архайджыты фæхуыдта йæ кусæнуатмæ, цæмæй дарддæры æмархайды фарстатыл æрдзурой. Ныхасы архайдта промоутерон компани «Pravda Boxing»-ы бындурæвæрæг Цопанты Хетæг дæр.

Уазджытæн зæрдиаг салам ратгæйæ, Сергей Меняйло бафиппайдта: «Сымах Фыдыбæстæйыл иузæрдион æцæг патриоттæ стут, тыхст рæстæг æнæ уæлдай ныхасæй тохы быдыры балæууыдыстут нæ бæстæйы сабыр æмæ фæрныг царды сæраппонд. Æхсызгон нын у сымахимæ фембæлд. Ирыстоны цы рæстæг арвыстат, уый уын зæрдæрухс æнкъарæнтæ кæй балæвар кодта, уымæй мæ ныфс ис».

Уазджытæ уыдысты æмхъуыды: фысымтæ сыл хионау баузæлыдысты, ирон адæмы фæрныгдæр миниуджытæй сын сæ зæрдæтæ барухс кодтой…

Дæрддæр ныхасы архайджытæ се ’ргом аздæхтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æппæтвæрсыг æххуысы, рæзгæ фæлтæры хæстон-
патриотон хъомылад æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæм.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here