Музей хъæздыгдæр кæндзæн

0
78

Мах стæм полилингвалон къорды хъомылгæнджытæ. Ныййарджытæ ныл баууæндыдысты æппæты зынаргъдæр хæзна, – сæ сабиты. Архайæм, цæмæй сывæллæттæ рæзой æнæнизæй, хъæлдзæгæй, сæ рæстæг пайдаджынæй æрвитой. Иннæ къордтæй уæлдай мах хъомылгæнинæгтæ сæ фыццаг къахдзæфтимæ ахуыр кæнынц ирондзинадыл, æгъдау, æфсарм цы сты, уый сын æмбарын кæнæм. Нæ алы кусгæ бон дæр райдайы æмæ фæвæййы ирон ныхасæй. Кæд дзургæ иууылдæр нæ кæнынц, уæддæр æмбарынц. Дзурынц æмдзæвгæтæ, архайынц алыхуызон хъæзтыты, ис нæм цæстуынгæ æрмæг. Хорз уаид, ирон æвзагыл фыст хуызджын чингуытæ сывæллæттæн фылдæр куы мыхуыр кæниккой, уæд. Æхсызгонæй фæкæсынц ирон мульткинонывтæм.

Нæ къорды ис 22 чызджы æмæ лæппуйы, цæуы сыл æртæ – цыппар азы. Ныййарджытæй æхсызгон вæййы арфæйы ныхæстæ фехъусæн, сæ кæстæрты æнтыстдзинæдтæ уынгæйæ.

Цæмæй нæ куыст ноджы ахадгæдæр уа, ууыл архайынц рæвдауæндоны сæргълæууæг Тугъанаты Людмилæ, ирон æвзаджы ахуыргæнæг Захъаты Ларисæ. Нæ методист Гатеты Мæдинæйы амынддзинадæй сарæзтам чысыл музей. Рæвдауæндоны уавæрты нæ гæнæнтæ цыбыр сты фæлæ бацархайдтам æмæ равдыстам ирон царды бындур, нæ рагфыдæлты рæсугъд æгъдæутты иу хай. Нæ музейы къуымы къонайы алыварс, арты цур фенæн ис бинонты архайд, зæронд нана, баба, ноггуырды авдæн, æртæкъахыг стъолыл бæгæныйы къус, æртæ чъирийы, ис дзы хæдзары æндæр дзаумæттæ. Равдыстам дзы хохаг хъæуы ирон бинонты æнгом цард, сæ куыстуарзондзинад æмæ уæздандзинад. Музеймæ экспонаттæ æмбырд кæнгæйæ нын хорз æххуыс бакодтой сывæллæтты ныййарджытæ, уæлдайдæр та Нафиты Людæ, Сугъараты Хазби æмæ Ликæйы бинонтæ.

Нæ хъомылгæнинæгтæ тынг уарзынц нæ музеймæ цæуын. Афтæмæй сæм
гуырдзæн Райгуырæн бæстæмæ, мадæлон æвзагмæ уарзондзинад, хъусынц æмæ дзурыныл архайынц разæнгардæй. Сæрыстырæй рабадынц, æмæ, сæхæдæг цыма уыцы рæстæджы хъайтартæ сты, афтæ дæр сæм фæкæсы. Нæ музей кæй фæхъæздыгдæр уыдзæн æмæ сабиты миддунейы хъæздыгдзинадыл кæй кусдзæн, уый нæ уырны.

Касаты Иннæ, Авлохты Нонæ,

Дзæуджыхъæуы 83-æм рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here