Сæ ном сæфт нæ уыдзæн

0
68

Адæймагыл азтæ куы рацæуы, уæд йæ зæрдыл æрлæууынц йæ сабийы бонтæ… Æрхъуыды кæны йæ хистæрты, сыхæгты, йе ‘мгæртты. Бирæ хистæрты абоны фæлтæр нæ рох кæнынц се ‘гъдау æмæ сæ лæггаддзинады фæрцы, цасфæнды мулк дæм уæд, фæлæ дзы  адæмæн лæггад куы нæ кæнай, дæ цæхх æмæ сын кæрдзын сæ размæ куы нæ хæссай, уæд адæмæй дæ ном ферох уыдзæн.

Заманхъулы хъæуы бирæ хорз лæгтæ уыдис æмæ ис ныр дæр: æгъдауджын, кусаг, цæхх æмæ кæрдзындæттон, уазæгуарзаг. Бирæтæ, кæд хъæздыг нæ цардысты, уæддæр сæ хæдзары æдзух уыдис уазджытæ. Æмæ ацы цæрджытæм хауы Хъуысаты Уагъылийы фырт Арсой дæр. Куы ралæг, уæд йæ амонд бабаста Дзгойты Саулохы чызг Дыккиимæ. Дунесфæлдисæг сын балæвар кодта æхсæз лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Уал хъæбулы хæссын хъуыдис, æмæ Арсой уалдзæджы колхозы фыстæ æлвыдта, сæрды быдыры хоркæрдæн комбайнтæ хъахъхъæдта, фæззæг та чыргъæдтæ быдта колхозæн нартхор æмбырд кæнынæн.

Кæд хистæртæ нал сты, уæддæр Арсойы ном адæмæй нæ рох кæны, йæ цот та йын дарддæр хæццæ кæнынц йæ хорздзинæдтæ.

Мæнæ цы къам уынут, цæуы йыл æртиссæдз азмæ хæстæг, уыдон Арсойæн сты йæ сыхбæстæ, йæ хистæр хъæбул Беппийы æфсадмæ куы фæндараст кодта, уæд уыцы куывды.

Къамы чи ис фыццаг рæнхъы галиуæрдыгæй рахизæрдæм, уыдонæй фыццаг у Бæройты Дæппын, хъæды хицау, йæ фарсмæ – колхозы парторг Мыртазты Дабет, йæ хъæбысы – сæ кæстæр лæппу Æхсар, йæ фарсмæ – Арсой, дарддæр  Хъуысаты Гина, Мыртазты Лула, бынæй бадынц хъæусоветы нымæрдар Милдзыхты Бæппи, хъæуыхицау Хосонты Рамазан.

Къаммæ æркæсгæйæ, æвæццæгæн, кæстæртæ базондзысты сæ фыдæлты, æмæ мæнæн дæр æхсызгон уыдзæн. Адонæн цы кæстæртæ рацыд, уыдоны, адæмы‘хсæн цæугæйæ, фæстæмæ кæсын нæ бахъæудзæн,  исчи мыл мæ фыды тыххæй куы бахуда, зæгъгæ.

Æз кæд æрыгон уыдтæн уыцы рæстæг, уæддæр се ‘ппæты дæр зонын, æмæ сæ кады ном сæфт макуы уæд. Сæ кæстæртæ та сæ сæр бæрзонд хæссæнт сæ фыдæлтæй æмæ сын сæ хорздзинæдтæ дарддæр хæццæ кæнæнт царды. Заманхъулы хъæуы ныртæккæ бирæ ног хæдзæрттæ аразынц, рæсугъд æй кæнынц, æмæ дзы буц æмæ арфæйагæй цæрæнт сæ кæстæртимæ.

Фыдæлтæй баззад ныхас: лæгæн, дам, дыууæ мæлæты ис – йæ зæрдæ кусынæй куы банцайы, уæд, æмæ йæ адæм куы ферох кæнынц, уæд. Фæлæ дыккаг ныхас, ацы къамы ист чи у, уыдонмæ нæ хауы, уымæн æмæ сæ ном сæфт никуы уыдзæн. Цæудзæн кæстæрæй-кæстæрмæ.

 ХЪУЫСАТЫ Асæхмæт                            

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here