УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы рагагъоммæ хъæлæскæнынады архайынæн документтæ барвыста (æвзæрстыты агъоммæ хъæлæскæнынады чи архайдзæн, Таймазы-фырт у æртыккаг ахæм адæймаг).
«Иугонд Уæрæсе»-йы номæй Паддзахадон Думæмæ сентябры саразинаг æвзæрстыты чи архайдзæн, рагагъоммæ хъæлæскæнынады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, парти уыцы кандидатты сбæлвырд кæндзæн.
Паддзахадон Думæйы ныры депутат Таймазты Артур у Хæдбар Паддзахæдты Æмхæларад æмæ евразийаг иукæнынады хъуыддæгты, стæй æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты уæнг.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: æппæтадæмон æргом хъæлæскæнынады фæрцы æппæт къæпхæнты депутаттæм кандидатты иудадзыг рагацау чи равзары æмæ æвзарджытæн хæдбарæй кандидатты номхыгъд саразыны бар чи дæтты, «Иугонд Уæрæсе» у бæстæйы иунæг ахæм политикон парти. 2009 азæй фæстæмæ рагагъоммæ хъæлæскæнынады архайд нымад у партийæ æппæт кандидаттæн æнæмæнг æххæстгæнинаг фæткыл.
Нæ регионы территори-йыл регистрацигонд æппæт æвзарджытæн ис «Иугонд Уæрæсе»-йы рагагъоммæ хъæлæскæнынады архайыны бар. Хъæлæскæнынад ацæудзæн электронон уагæй, бæрæггæнæнтæ раст сты æви нæ, уый та «Госуслуги»-йы фæрцы сбæлвырд кæндзысты.
Кандидатты бавдисыны æмгъуыд ахæсдзæн ацы мæйы кæронмæ. Æвзарджыты регистраци кæндзысты 20 апрелæй 29 майы онг, рагагъоммæ хъæлæскæнынад та цæудзæн 25 майæ 31 маймæ.
Санаты Альбинæ














