Дæсны специалисттæ – куыстад æмæ ахуырады

0
83

Апрелы фыццаг хуыцаубоны геологон наукæтæ æмæ дæсныйадыл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ профессион бæрæгбон – Геолоджы бон. Ацы аз  у юбилейон, æххæст ыл кæны 60 азы.

Кæддæры нæргæ Садоны здыйы-цинчы комбинат, Зджыд æмæ Садоны æрзæткъахæнтæ ныр æмырæй лæууынц, уый хыгъд архайд нæ бамынæг республикæйы доломиты куыстгæнæг организацитæ, «Кавдоломит», «Хуырыссæн завод Прогресс», «Доломит», «Гæналдон-Г» æмæ «Феникс Стоун Алани»-йы. Абоны зын экономикон уавæрты дæр сæ рауагъд продукцийы хæрзхъæддзинадмæ фау æрхæссæн нæй, фыццагау, ирыстойнаг доломит канд Уæрæсейы нæ, фæлæ дунейы дæр хуыздæртæй иуыл нымад у. Геологты профессион бæрæгбон ацы аз дæр 5 апрелы бæрæг кæндзысты, къабазмæ бар чи дары, уыдон, семæ, Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ. Уæлдæр ахуыргæнæндоны цæттæ кæнынц, зæххы бын къахæн бынæттæ чи агуры, пайдаджын къахинæгтæ хъæздыгдæр чи кæны, уыцы специалистты. Куыстадон геологи æмæ нефть æмæ газы кафедрæ та у сæ рагондæртæй иу, фарон ын сбæрæг кодтой йæ сарæзты 85 азы юбилей. Студенттæн специалитет райсынæн æнæхъæн Цæгат Кавказы æрмæст ам ис фадат, хæстæгдæр ахæм кафедрæ ис Ростовы, фæлæ уым дæр цæттæ кæнынц æрмæст бакалаврты.

Бæрæгбоны агъоммæ институты музейы ацыд Геолоджы боны кадæн мадзал, бæрæг та йæ кæнынц æрвылаз дæр. Ацы хатт йæ архайджытæ уыдысты хæххон-геологон факультеты æппæт курсыты студенттæ. Бæрæгбоны арфæтæ ракодтой институты ахуыргæнджытæ æмæ се ’мкурсонтæн, стæй рахызтысты брейн-рингæй хъазтмæ. Фондз командæйы уæнгтæ уыдысты ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны фондз курсы студенттæ, алы командæйы дæр архайдта фондз адæймаджы. Хъазты сæйраг темæ уыдысты равзæрст дæсныйадимæ баст фарстатæ. Командæтæ равдыстой хорз зонындзинæдтæ, фæуæлахиз та хæлардзинад.

Геолоджы бæрæгбоны фæдыл газет «Рæстдзинад» арфæ кæны, йæ цард æмæ æппæт хъарутæ дæр чи не ‘вгъау кодта æмæ кæны, уыцы адæмæн. Уæ ныфс æмæ хъару уæнт тыхджын, æнæниз æмæ амондджын ут кæддæриддæр!

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here