Æвзонг богæлттæ ссардтой Бесичы рухс ном

0
22

Дзæуджыхъæуы Хъæбысхæсты сæрмагонд цæттæгæнæн центры 4-5 апрелы уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты спорты сгуыхт мастер, дунейы цыппар хатты чемпион, Олимпиаг хъæзтыты  2-аг æмæ 3-аг бынæттæ бацахсæг Къудухты Бесичы номарæн турнир.

Ерыстæ арæзт æрцыдысты 2015-2016 азты гуырд лæппутæн æмæ рауадысты тынг зæрдæмæдзæугæ. Сæ гом кæныны мадзалы æвзонг спортсментæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой: РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан, спорты сгуыхт мастертæ. Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ Сидахъаты Зауырбег æмæ Рæмонты Сослан, Европæйы чемпион Уалыты Чермен, РЦИ-Аланийы иугонд командæйы хистæр тренер Санаты Георги, Уæрæсейы сгуыхт тренер Æрчъегкаты Тотрадз.

Ахæм зындгонд хистæрты арфæтæ ноджы тынгдæр сразæнгард кодтой æвзонг богæлтты уæлахизмæ тырнынмæ, æмæ гауызылæвдыстой се ’ппæт зонындзинæдтæ дæр. Спортуарзджытæн сæ зæрдæтæ балхæдта, 10-11-аздзыд лæппутæ гауызыл куыд зæрдиагæй тырныдтой уæлахизмæ æмæ абоны онг цы хъæбысхæсты фæзилæнтæ базыдтой, уыдонæй спайда кæныныл куыд архайдтой, уый. Æнæмæнг, ацы кары лæппуты ’хсæн рæзынц къорд курдиатджын богалы æмæ, уый уынгæйæ, уырны нæ хъæбысхæсты скъолайæн ма бирæ сгуыхтдзинæдтæ кæй бантысдзæн, уый.

Уæлдай æхсызгондæр уыди, кæронбæттæны ерыстæ куыд цыдысты, уымæ кæсын. Финалон фембæлдтытæ се ’ппæт дæр ахицæн сты стыр хыгъдтимæ. Уый дзурæг у, æвзонг богæлттæ кæд æнæрæдигæ нæ уыдысты, уæддæр æрмæстдæр фæуæлахиз уæвынмæ кæй тырныдтой, ууыл.

Æппæты рогдæр уæзы, 26 кг – 1-аг бынат рамбылдта Республикон спортивон скъолайы хъомылгæнинаг Темырты Сослан. 28 кг онг уæзы фыццаг бынат бацахста Алагиры минæвар, æвзонг богал Гæззаты Азæмæт. Тынг уындджын рауад 30 кг онг уæзы кæронбæттæны фембæлд Хетæгкаты Зауыр (Алагир) æмæ Зассеты Арсæмæджы (Цхинвал) ’хсæн. Фембæлды фыццаг разæй цыд Хетæгкаты Зауыр 6:0, 8:2, 10:9 хыгъдæй, фæлæ цхинвайлаг богалæн фембæлды фæстаг минуты кæрон бантыст дыу-
уæ баллы рамбулын æмæ афтæмæй уæлахиздзау сси Зассеты Арсæмæг. Цымыдисаг рауадысты иннæ фембæлдтытæ дæр.

Æппынфæстаг 1-аг бынæттæ бацахстой: 32 кг – Годжиты Сæрмæт (Æрыдон), 35 кг Балаты Роберт (клуб ММА), 38 кг – Быценты Артем (Елхот), 41 кг – Ботъоты Аслан (Хæдарцаты Асланы номыл хъæбысхæсты академи), 44 кг – Агънаты Игорь (Горæтгæрон район), 48 кг – Багаты Ренат (спортивон клуб «Олимп»), 52 кг – Къодоты Æхсæртæг (Республикæ Хуссар Ирыстон), 57 кг – Борæдзаты Марат (спортивон клуб «Олимп»), +57 кг – Æлборты Аслан (Æрыдон).

Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ хорзæхджын систы майдантæ, грамотæтæ, дипломтæ æмæ кубоктæй. Сæрмагонд хæрзиуæг «Æппæты хуыздæр техникон цæттæдзинад равдисæг» – лæвæрд æрцыд Хæдарцаты Асланы номыл хъæбысхæсты академийы хъомылгæнинаг Джыгкайты Давидæн.

Хицæн спортсментæй уæлдай ма бæрæггонд æрцыдысты командон бынæттæ дæр. Æппæты фылдæр очкотæ æрæмбырд кодтой спортивон клуб «Олимп»-ы хъомылгæнинæгтæ æмæ 143 очкоимæ бацахстой 1-аг бынат. 2-аг бынатмæ 130 очкоимæ рацыди Æрыдоны командæ, 3-аг та ссис Республикон спортивон скъолайы командæ.

Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæн сæ хæрзиуджытæ ратджытимæ уыдысты нæ спорты хъайтартæ Сидахъаты Зауырбег, Рæмонты Сослан, Уалыты Чермен. Уыдон ма сæхи хардзæй  лæвæрттæ ракодтой фыццаг бынæттæ æмæ призон бынæттæ бацахсæг богæлттæн.

Турнир саразджыты номæй Кокойты Руслан зæрдиаг арфæ ракодта, сæ фарсмæ чи ’рбалæууыд уыцы хæрзгæнджытæ Джыгкайты Георги, Малиты Чермен, Токаты Зауырбег, Сидахъаты Зауырбег, Уалыты Чермен æмæ иннæтæн: «Уыдоны фæрцы нын бантыст уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсæг лæппутæн хæрзиуджытæ æмæ ма æхцайы лæвæрттæ дæр скæнын. Ахæм турниртæ тынг хъæуынц нæ кæстæр спортсменты райрæзтæн æмæ нæ зæрды ис, Бесичы номарæн турнир æрвылазон скæнын!», – загъта Кокойты Руслан.

Сæ хорз фæнд сын бантысæд!

Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here