Фæллойы ветеран

0
16

Ног газеттæ æмæ журналтæ, фыстæджытæ, пенситæ æмæ пособитæ æфснайд кæм вæййынц, ахæм хызынимæ, боныхъæды цыфæнды уавæртæ нæ нымайгæйæ, Цхинвалы районы Хетæгкаты хъæуы постхæссæг, республикæйы бастдзинады сгуыхт кусæг Тасойты Нателлæ йæ куысты хæстæ æххæст кæнынмæ алы кусгæ бон æнæзивæгæй рацæуы.

Хъæуы цæрджытæ йæ зонынц æмæ йыл арæх æхсызгонæй сæмбæлынц. Адæймаг йæ равзæрст дæсныйадыл æнувыд кæй у, уымæн æвдисæн – ацы сылгоймаджы цардвæндаг.

Нателлæ райгуырд 1952 азы Цхинвалы бирæсывæллонджын хæдзары. Йæ фыд Исидор уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Нæлгоймаг тохы быдырæй сыздæхт схъисдзæфтимæ, æмæ йæ цæрæнбонты хъыгдæрдтой. Мад уыд хæдзары æфсин, хъомыл кодта цоты. Бинонтæ цæмæй хæларæй цæрой æмæ фæллой кæнын уарзой, ныййарæг уыдæттæн ахъаз кодта.

Хетæгкаты Къостайы хъæуы скъолайы астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ Нателлæ каст фæци бухгалтеры курсытæ æмæ дæсныйадмæ гæсгæ куыста æфснайæн банчы. Уыцы куыст адæймагæй домы цырддзастдзинад æмæ бæлвырддзинад. Ацы миниуджытæ Нателлæйæн фæстæдæр бахъуыдысты посты хайады куысты заман дæр.

1985 аз Нателлæйы мой Бæззаты Агавик æвирхъауæй фæмард. Уымæй цалдæр азы раздæр сылгоймаджы ныййарджытæ дæр се ’цæг дунемæ ацыдысты, æмæ Нателлæ, царды зын уавæртæ нæ нымайгæйæ, иунæгæй йæ дыууæ сывæллоны хъомыл кодта. Сабитыл узæлын кæй хъæуы, уый хынцгæйæ, ныййарæг йæхицæн æнкъард кæныны бар нæ лæвæрдта. Ныр Нателлæ сæрыстырæй дзуры йæ хъæбулты фондз хъæбулы æмæ æххуысадон хæдзарады тыххæй хабæрттæ. Æнæ ацы хæдзарадæй нырыккон зын уавæрты æнцон нæу хъæуы цæрын.

Нателлæ бастдзинады къабазы кусын райдыдта 1986 азы. 1991 азы онг сылгоймаг лæууыд Хетæгкаты хъæуы посты хайады сæргъы. Уыцы заман бастдзинады хайады куыстой фондз адæймаджы. Куыст æнæкъуыхцыйæ цыд.

– Стæмтæй фæстæмæ алы хæдзар дæр газеттæ æмæ журналтæ фыста. Адæм гæххæттыл мыхуыргонд æрмæджытæ æхсызгонæй кастысты. Постхæсджытæ нымад уыдысты стыр дунеимæ дзыллæты бæттæг цæгтыл. Адæм дзыллон хабархæссæг фæрæзты мыхуыргонд æрмæджытыл зæрдиагæй ныхас кодтой, редакцитæм фыстæджытæ æрвыстой. Абон та стæм хæдзæрттæ рафыссынц газеттæ, фæсивæд арæхдæр ног хабæрттæ базонынц газеттæй нæ, фæлæ интернетæй. Газеттæ чи рафыссы, уыдонæн сæ фылдæр хай сты ацæргæ адæймæгтæ, – зæгъы Нателлæ.

Ацы сылгоймаджы банымайæн ис фæлтæртæ иугæнæг адæймагыл. Хетæгкаты хъæуы цæрæг адæм республикон дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ парахатæй цæмæй рафыссой, Нателлæ уымæн ахъаз кæны. Æмхъæуккæгтæ куысты хæстыл æнувыд сылгоймагæй бузныг сты. Райсомæй хъæуы центрыл æрзилæг постхæссæг фæстæдæр бахæццæ вæййы хъæугæрæттæм. Хур уа, къæвда – сылгоймаг æмхъæуккæгтæм газеттæ, журналтæ, фыстæджытæ, стæй пенситæ æмæ пособитæ афоныл бахæццæ кæны.

Хъæуы цæрæг адæм куысты хæстæ бæрнонæй æххæстгæнæг постхæссæгæн кад кæнынц. Цард Нателлæйы
хуызæн æнæхин, зæрдæхæлар адæймæгтæй кæй фидауы, уый дызæрдыггаг нæу.

Хъæцмæзты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here