Джыбытæй уæхи хъахъхъæнут

0
23

Джыбыты афон кæй райдыдта, уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны «Роспотребнадзор» адæмæн сæ зæрдыл лæууын кæны, джыбытæ цы хæцгæ низтæ расайынц, уыдоны ныхмæ профилактикæйы мадзæлттæ.

Джыбытæ раджы кæй райхъал сты, уым аххосджын сты æрдзы уавæртæ – хъарм зымæг æмæ рагуалдзæджы хурбонтæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй джыбытæ Уæрæсейы скарз вæййынц мартъийы кæрон – апрелы райдайæны. Æмæ ацы аз дæр – афтæ. Фæлæ медицинон кусæндæттæ хъусын кæнынц, адæймагыл джыбы фæхæцыд, зæгъгæ, ахæм цаутæ ныридæгæн дæр иу æмæ дыууæ кæй не сты, уый.

– Мартъийы райдайæнæй нæ республикæйы кусæндæттæм фæхæццæ, адæймагыл джыбы кæй фæхæцыд, 11 ахæм хъасты. Джыбыты хуыз «Hyalomma» цæрынц быдырты, хъæу-уат æмæ æдзæрæг рæтты. Иннæтæй ацы джыбытæ сты ставддæр, уынгæ дæр хуыздæр кæнынц, æмæ сæ цæмæй цæгъдынц, ахæм мадзæлтты ныхмæ сты фидардæр. Иннæ джыбытæй æндæр ницæмæй хицæн кæнынц, – зæгъы Управленийы эпидемиологион цæстдарды хайады хицау Цæрикъаты Мæдинæ.

Джыбыты афоны райдайæнимæ Управленийы специалисттæ адæмæн амонынц сæ ныхмæ æххæстгæнинаг профилактикон мадзæлттæ.

Фыццаджыдæр, уæлæдарæс. Паркмæ, хъæдмæ, æрдзы бынатмæ фæлладуадзынмæ цæугæйæ, скæнын хъæуы ирд уæлæдарæс, цæмæй йыл джыбы бæрæг дара, стæй, æхгæд æмæ даргъдыстæ куыд уа, афтæ. Хæлафы кæрæттæ хъæуы ныццæвын цъында кæнæ къахыдарæсы. Сæрыл – капюшон кæнæ сæрбæттæн бабæттын.

Дыккаджы, уæлæдарæсмæ базилынæн, буары цъар бахъахъхъæнынæн  пайда кæнын хъæуы репеленттæй, ома химион буаргъæдтæй.

Æртыккаджы, æрдзыхъæбысы уæвгæйæ, алы 15-20 минуты дæр адæймаг хъуамæ йæхимæ æмæ йæ уæлæдарæсмæ æркæса, уæлдайдæр, æфцæгготмæ æмæ, æнцъылдтытæ кæм ис, ахæм рæттæм.

Цыппæрæмы, хи хæдзæрттæ, дачæтæ кæмæн ис, уыдон сæрмагонд организациты æххуысæй джыбыты ныхмæ фæрæзтæй сæ зæххытæм хъуамæ базилой.

Джыбы куыддæр фæхæца, уæд хи мадзæлттæй архайын нæ хъæуы, фæлæ æвæстиатæй хъæуы, хæстæгдæр чи уа, уыцы медицинон кусæндонмæ фæтагъд кæнын.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here