РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бафыста Указ Гæрзифтонг быцæуты ветерантæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хъуыддæгты фæдыл регионалон комитет саразыны тыххæй.
Уынаффæйы куыд загъд ис, афтæмæй ног регионалон структурæйы бæрны уыдзысты алыхуызон гæрзифтонг быцæуты ветерантæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æппæтвæрсыг паддзахадон æххуыс дæттыны, амынд къабазы паддзахадон социалон политикæйы уагæвæрдтæ æххæст кæнынмæ цæстдарды фарстатæ. Уыимæ, ног комитет æнгом æмархайд кæндзæн паддзахадон хицаудзинады федералон оргæнтæ æмæ æндæр профилон ведомствæтимæ.
Указæй РЦИ-Аланийы Хицауадæн амынд æрцыд, цæмæй 1 мæйы æмгъуыдмæ сæххæст кæна ног комитет саразыны фæдыл æппæт æмбæлгæ цæттæгæнæн мадзæлттæ дæр.
Нæ уацхæссæг














