Спаржæйы тыллæг

0
68

Горæтгæрон районы хæдзарад «Долина спаржи»-йы æмбырд кæнын райдыдтой æппæтæй пайдайагдæр зайæгойтæй иу – спаржæ. Бынæттон хъæууонхæдзарадон куыстуаты фæрцы Цæгат Ирыстон амынд культур зайын кæныны хъуыддагæй нымад у Уæрæсейы раздзогыл.

Спаржæйы æппæт хуызтæ дæр адæймаджы организмæн кæд пайдайаг сты, уæддæр пайда витаминты бæрцæй æппæтæй ахъаззагдæрыл нымад у зайæгойы фиолетхуыз. 23 сантиметры бæрзæндæн спаржæйы билцъытæ æмбырд кæнынц техникæйæ нæ, фæлæ къухтæй.

Ацы мæйы астæу нæ республикæйы быдырты фæзынынц амынд зайæгойы фыццаг билцъытæ. Бынæттон куыстуат спаржæйæн рахай кодта бæркадджын зæххыты 55 гектары бæрц фæзуат. Хæдзарады зайынц ацы культуры дыууадæс хуызы – кæрдæгхуыз, урс, фиолетхуыз æмæ æндæртæ.

Спаржæ куыд рæзы, уый аразгæ у боныхъæды уавæртæй. Уалдзæджы кæд хъарм бонтæ скæной, уæд культур ратдзæн хорз тыллæг. Зайæгойтæ парахатæй æмбырд кæнынц ацы мæйы кæрон. Фарон зæхкусджытæ æрæмбырд кодтой 250 тоннæйы бæрц продукци. Ацы аз тыллæджы бæрц фаронæй къаддæр кæй нæ рауайдзæн, хæдзарады коллектив йæ зæрдæ ууыл дары.

Зайæгойы билцъытæ кардæй лыг кæнын райдайынц 23 сантиметры бæрзæндыл. Бирæазон спаржæйы уидæгтæ хъыгдард кæд нæ баййафой, уæд ацы зайæгой тыллæг дæтдзæн дæс азы дæргъы.

Тыллæг æфснайыны рæстæг хуымты фæллой кæнынц сæдæ фæндзай адæймаджы бæрц. Куыстуат хъæугæ хъæууонхæдзарадон техникæйæ ифтонггонд у. Æмбырдгонд спаржæ барвитынц автоматизацигонд цехмæ æмæ йæ ам сортгай байуарынц. Нырыккон кусæнгæрзты фæрцы ис цыбыр рæстæгмæ продукцийы стыр бæрц бакусыны фадат. Фæстæдæр спаржæ æппæт бæстæйы регионтæм арвитынц.

Бахъаты Ларисæ æрыгонæй архайдта рог атлетикæйы секцийы, фæстаг рæстæг та йе ’ргом здахы йогæмæ. Сылгоймаг спаржæимæ базонгæ фынддæс азы размæ Испанимæ туристон балцы рæстæг, æмæ уæдæй нырмæ Ларисæ йæхи нæ цух кæны амынд хойрагæй.

– Фæсарæйнаг бæстæйы куы уыдтæн спаржæ фыццаг хатт куы ахордтон, уæд мæ зæрдæмæ фæцыд. Ирыстонмæ куы æрбаздæхттæн, уæд нæм спаржæйы хуымтæ кæй ис, уый базыдтон. Нæ дуканиты тæрхæджытыл ацы хойраг арæх фенæн кæй ис, уый мын æхсызгон у. Спаржæ мæм кадджын у. Ацы хæлц кæд æрвылбон нæ, уæддæр къуырийы дæргъы иу-дыууæ хатты нæ фынгыл вæййы, – зæгъы Ларисæ.

Цалдæр азы дæргъы Цæгат Ирыстон спаржæ æрзайын кæныны хъуыддагæй бæстæйы регионты æхсæн ахсы раздзоджы бынат. Ацы хæрзад хойраг адæймаджы организмæн пайда у.

Вадим Ганжа

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here