Мæскуыйы уыд хъуыддаджы æппæтуæрæсеон форум «Хæрзхъæд прессæ: цард ног æцæгдзинæдты».
Уæрæсейы Нымæцон райрæзты, бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты министрады æххуысæй медиакъорд «Журналист» фадæттæ кæмæн сарæзта, уыцы æмбырды архайджытæ – бæстæйы мыхуыры дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ – сæ фæлтæрддзинадæй кæрæдзийæн рахай кодтой, къабазон базары уавæрыл æрныхас кодтой, стæй ахадгæ профессион бастдзинæдтæ сфидар кодтой.
Уымæй уæлдай, форумы фæткмæ гæсгæ, мыхуыры дзыллон хабархæссæг фæрæзты æххуысæн æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзаутæн хæрзиуджытæ радтой.
Газет «Владикавказ»-ы сæйраг редактор Хынцæгты Аллæ фæуæлахиз номинаци «Главный редактор года»-йы. Аллæйæн раттой нæ бæстæйы Сылгоймæгты цæдисы сæрмагонд приз дæр.
Нæ уацхæссæг














