РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Уырыссаг литературæйы æппæтуæрæсеон олимпиаг конкурс каддджын уагæй сæхгæныны хъуыддаг бабæрæг кодта. Олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн 13 апрелæй 19 апрелмæ конд æрцыд Дзæуджыхъæуы.
Æдæппæтæй конкурсы архайдтой уæрæсейаг регионтæй 400 ахуырдзауæй фылдæр. Сергей Меняйло уазджытæн загъта зæрдæбын ныхæстæ, нæ республикæ ахæм ахсджиаг олимпиадæ скæныны хæс йæхимæ кæй райста, уый сæрыстырдзинадыл банымадта. «Ацы предметы руаджы кæстæртæ кæрæдзи хуыздæр æмбарынц, æндæр дугтæм уæндонæй дуæрттæ гом кæнынц, вазыгджындæр фарстатæн ссарынц дзуаппытæ», – фæбæрæг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
Куыд ма радзырдта, афтæмæй кæронбæттæнмæ рахизæг кæстæртæ сты фæзминаг, литературæ ахуыр кæнгæйæ базонынц истори, традицитæ, царды стырдæр фæзилæнтæ. «Сæйрагдæр та базонут уæ Фыдыбæстæ уарзын. Мæ зæрдæ дарын, алчидæр уæ Ирыстоны иу хай йемæ кæй ахæсдзæн, ууыл», – загъта Цæгат Ирыстоны разамонæг.
Олимпиадæ сæхгæныны архайдта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, муниципалон разамынды минæвæрттæ. Уæлахиздзаутæн дипломтæ æмæ хæрзиуджытæ раттой Нижегородскаг «Экономикæйы уæлдæр скъола»-йы Литературæйы æмæ культурæты ‘хсæн бастдзинады департаменты доцент, филологон наукæты кандидат Мария Гельфонд, Уырыссаг литературæйы институты раззагдæр наукон кусæг, филологон наукæты доктор Татьянæ Игошева, Уырыссаг литературæйы æппæтуæрæсеон олимпиаг конкурсы жюрийы сæрдар, Псковы паддзахадон университеты профессор Илонæ Мотеюнайте.
Олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн конд уыд æртæ хæслæвæрдæй. Архайджытæ фыццаджы сæхи равдыстой литературæ амонджытæ-аналитикты хуызы, дыккаджы – литературæйы истори иртасджытæ æмæ эссетæ фысджыты хуызы, æртыккаджы – жюрийы уæнгты цур ахуырдзаутæ дзырдтой сæ хъуыдытæ, сæ ныхас куыд æмбæлы, афтæ арæзтой. Олимпиадæйы ма зæрдæбынæй кæсджыты сфæлдыстадон конкурс дæр скодтой.
Программæйæ уæлдай ма уазджытæн скодтой Ирыстоны зæрдылдарæн бынæттыл экскурситæ. Ацы ахсджиаг олимпиадæ скæныны хъæппæрис равдыстой Уæрæсейы Рухсады министрад, РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад, центр «Вершина», Кадртæ цæттæ кæнын æмæ рæзты институт.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














